Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 21:34 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

34 Адӕмӕй иутӕ иу хъӕр кодтой, иннӕтӕ та — иннӕ. Ӕфсӕддон хицауӕн змӕсты тыххӕй йӕ бон бӕлвырдӕй базонын кӕй ницы уыд, уымӕ гӕсгӕ бардзырд радта, цӕмӕй Павелы фидармӕ акӕной.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 21:34
8 Iomraidhean Croise  

Ныр адӕмӕй иутӕ иу хъӕр кодтой, иннӕтӕ та — иннӕ. Кӕрӕдзийы нал ӕмбӕрстой, сӕ фылдӕр нӕ зыдтой, цӕй фӕдыл ӕрӕмбырд сты, уый.


Фидармӕ бацӕуӕны цур Павел ӕфсӕддон хицауӕн загъта: «Иу цыдӕр зӕгъыны бар мын дӕттыс?» Уый дзуапп радта: «Ды бердзенаг ӕвзаг зоныс?


Уӕд ӕфсӕддон хицау бардзырд радта, цӕмӕй Павелы фидармӕ бакӕной ӕмӕ йӕ ехсӕй фӕнӕмой: уый фӕндыд базонын, адӕм ӕй хъӕры бын цӕмӕн фӕкодтой, уый.


Иудейӕгтӕ йӕ цӕмӕй зылын кӕнынц, уый бӕлвырдӕй базоныны тыххӕй ӕфсӕддон хицау дыккаг бон Павелы суӕгъд кодта йӕ рӕхыстӕй, радта алчерты ӕмӕ ӕппӕт синедрион ӕрӕмбырд кӕныны бардзырд ӕмӕ сӕм ӕй ракодта.


Фӕлӕ быцӕу куы стынг, уӕд ӕфсӕддон хицау фӕтарст, Павелы куы аскъуыдтӕ кӕной, уымӕй. Ӕмӕ ӕфсӕддонтӕн бардзырд радта, цӕмӕй ӕрхизой, Павелы байсой адӕмӕй ӕмӕ йӕ фидармӕ акӕной.


Уыцы сусӕгвӕнды тыххӕй базыдта Павелы хойы лӕппу. Бацыди фидармӕ ӕмӕ йӕ радзырдта Павелӕн.


Дыккаг бон барджытӕн бабар кодтой, цӕмӕй Павелимӕ дарддӕр цӕуой, сӕхӕдӕг та ӕрбаздӕхтысты фидармӕ.


Кесӕрмӕ ацы адӕймаджы тыххӕй бӕлвырдӕй цы ныффыссон, ахӕмӕй мӕм ницы ис. Ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ ӕрлӕууын кодтон уӕ разы, уӕлдайдӕр та дӕ разы, паддзах Агриппӕ, цӕмӕй хъуыддагмӕ ӕркӕсыны фӕстӕ зонон, цы ныффыссын хъӕуы, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan