Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 21:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

30 Сахар ӕгасӕй дӕр базмӕлыд, ӕрӕмбырд бирӕ адӕм. Ӕрцахстой Павелы, лӕгдыхӕй йӕ ракодтой Кувӕндонӕй ӕмӕ уайтагъд сӕхгӕдтой дуӕрттӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 21:30
9 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕджы Кувӕндоны йӕ куынӕ амариккой, зӕгъгӕ, Йехода сӕдӕйыхицӕуттӕн бардзырд радта: «Ардыгӕй йӕ акӕнут ӕмӕ, йӕ фӕдыл чидӕриддӕр ацӕуа, уыдоныл дӕр ма бацауӕрдут!»


Паддзах Ирод уый куы фехъуыста, уӕд катайы бацыд, ӕмӕ йемӕ — ӕгас Йерусалим дӕр.


Йесо Йерусалиммӕ куы бахӕццӕ ис, уӕд ӕгас сахар дӕр базмӕлыд, иууылдӕр кӕрӕдзийы фарстой: «Уый чи у?»


Сӕ бынӕттӕй фестадысты ӕмӕ Йӕ, сӕ сахар цы хохыл уыди, уый сӕрмӕ акодтой, цӕмӕй йӕ рындзӕй аппарой.


Ӕгас сахар ӕддӕг-мидӕг ауади. Адӕм ӕрцахстой Павелы македойнаг ӕмбӕлццӕттӕ Гайос ӕмӕ Аристархы ӕмӕ ӕмгуылфӕй атындзыдтой театрмӕ.


Уый тыххӕй мӕ иудейӕгтӕ Кувӕндоны ӕрцахстой ӕмӕ мӕ хъавыдысты амарынмӕ.


Ӕдзух фӕндагыл дӕн, ӕдзух — тӕссаг уавӕрты: донивылд, абырджытӕ, ме ’мбӕстӕгтӕ, муртаттӕгтӕ. Уыимӕ ма ноджы алы фыдбылызтӕ: сахары, цӕуӕг кӕм нӕй, ахӕм рӕтты, денджызы, мӕнгӕфсымӕрты къухӕй…


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan