Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 21:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Уӕд Павел ахуыдта уыцы лӕгты ӕмӕ дыккаг бон семӕ ссыгъдӕг кодта йӕхи. Уый фӕстӕ бацыди Кувӕндонмӕ ӕмӕ фехъусын кодта, сыгъдӕг кӕныны бонтӕ кӕд фӕуыдзысты ӕмӕ уыдонӕй алкӕй тыххӕй дӕр нывӕндтӕ кӕд ӕрхастӕуыдзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 21:26
6 Iomraidhean Croise  

Марды буарыл чи бандзӕва, уый авд боны дӕргъы уыдзӕни чъизи.


Ӕрхӕстӕг иудейаг Куадзӕн, ӕмӕ бӕстӕйы алы рӕттӕй бирӕтӕ Куадзӕны размӕ ӕрцыдысты Йерусалиммӕ — сӕхи ссыгъдӕг кӕнынмӕ.


Акӕн сӕ ӕмӕ дӕхи ссыгъдӕг кӕн семӕ, сӕ хӕрдзтӕ сын дӕхимӕ райс. Уыдон адасдзысты сӕ сӕртӕ, ӕмӕ иууылдӕр фендзысты, дӕу тыххӕй цы фехъуыстой, уый ӕцӕг кӕй нӕу, ды дӕхӕдӕг дӕр Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ кӕй цӕрыс.


Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ мӕхи куы ссыгъдӕг кодтон, уӕд мӕ баййӕфтой Кувӕндоны; нӕдӕр дзы бирӕ адӕм уыди, нӕдӕр змӕст.


Иудейӕгты ӕрхоныны тыххӕй ӕз мӕхи дардтон, куыд иудейаг; Моисейы Ӕгъдауы дӕлбар уӕвджыты тыххӕй — куыд Ӕгъдауы дӕлбар адӕймаг, кӕд Ӕгъдауы дӕлбар нӕ дӕн, уӕддӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan