Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 21:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Ныр цы чындӕуа? Адӕм ӕнӕмӕнг [ӕрӕмбырд уыдзысты, уымӕн ӕмӕ] фехъусдзысты де ’рцыды кой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 21:22
6 Iomraidhean Croise  

Уӕд се ’ппӕт дӕр ныссабыр сты ӕмӕ хъуыстой Варнавӕ ӕмӕ Павелмӕ. Уыдон дзырдтой, Хуыцау сӕ фӕрцы муртаттӕгтӕм кӕй сарӕзта, уыцы ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгты тыххӕй.


Уӕд апостолтӕ ӕмӕ хистӕртӕ ӕппӕт аргъуанимӕ сфӕнд кодтой аргъуанӕй цалдӕр лӕджы сӕвзарын ӕмӕ сӕ Павелимӕ ӕмӕ Варнавӕимӕ Антиохимӕ арвитын. Ӕмӕ сӕрмагондӕй равзӕрстой, Варсавӕ дӕр ма кӕй хуыдтой, уыцы Иудӕйы, стӕй Силӕйы — ӕфсымӕрты ӕхсӕн дзырддзӕугӕдӕрты.


Ныр адӕмӕй иутӕ иу хъӕр кодтой, иннӕтӕ та — иннӕ. Кӕрӕдзийы нал ӕмбӕрстой, сӕ фылдӕр нӕ зыдтой, цӕй фӕдыл ӕрӕмбырд сты, уый.


Дӕу тыххӕй сын радзырдтой, зӕгъгӕ, муртаттӕгты ӕхсӕн чи цӕры, уыцы иудейӕгты ды се ’ппӕты дӕр ахуыр кӕныс Моисейы Ӕгъдау ныууадзыныл, сӕ сывӕллӕттӕн сунӕт нӕ кӕныныл ӕмӕ не ’гъдӕуттӕм гӕсгӕ нӕ цӕрыныл.


Уӕдӕ байхъус, цы дын зӕгъӕм, уымӕ: не ’хсӕн ис, Хуыцауӕн дзырд чи радта, ахӕм цыппар лӕджы.


Уӕдӕ цы бакӕнон? Кувдзынӕн удӕй, кувдзынӕн зондӕй дӕр, зардзынӕн удӕй, зардзынӕн зондӕй дӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan