18 Павел дыккаг бон немӕ ацыд Йаковмӕ; ӕрӕмбырд сты аргъуаны ӕппӕт хистӕртӕ дӕр.
Мӕнӕ уыцы дыууадӕс апостолы нӕмттӕ: фыццаг — фӕсномыгӕй Петр кӕй хуыдтой, уыцы Симон, ӕмӕ йе ’фсымӕр Андрей, Зеведейы фырт Йаков ӕмӕ йе ’фсымӕр Иоанн,
Ӕмӕ сӕ ныхас сӕххӕст кодтой: цы сӕм ӕрӕмбырд ис, уый Варнавӕ ӕмӕ Савлимӕ арвыстой аргъуаны хистӕртӕм.
Петр сын йӕ къухӕй ацамыдта, цӕмӕй банцайой, ӕмӕ сын радзырдта, Бардарӕг ӕй ахӕстонӕй куыд ракодта, уый тыххӕй. Стӕй сын загъта: «Ацы хабар фехъусын кӕнут Йаковӕн ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕн». Уый фӕстӕ рацыди уырдыгӕй ӕмӕ араст ис ӕндӕр ранмӕ.
Сӕ ныхас куы фесты, уӕд райдыдта дзурын Йаков: «Ӕфсымӕртӕ, байхъусут мӕм.
Павел ӕмӕ Варнавӕ семӕ не сразы сты, ӕмӕ сӕм стыр быцӕу рауад. Уӕд бауынаффӕ кодтой, цӕмӕй Павел, Варнавӕ ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕй цалдӕр ацы хъуыддаджы фӕдыл ацӕуой апостолтӕм ӕмӕ аргъуаны хистӕртӕм Йерусалиммӕ.
Ныффыстой ӕмӕ сын семӕ арвыстой ахӕм фыстӕг: «Апостолтӕй ӕмӕ аргъуаны хистӕртӕй, уе ’фсымӕртӕй — Антиохийы, Сирийы ӕмӕ Киликийы муртаттӕгтӕй Хуыцаумӕ чи аздӕхт, уыцы ӕфсымӕртӕм. Фӕрнджын ут.
Апостолтӕ ӕмӕ аргъуаны хистӕртӕ ӕрӕмбырд сты уыцы хъуыддаг равзарынмӕ.
Павел Милетӕй Эфесмӕ арвыста аргъуаны хистӕрты ӕрхонынмӕ.
Дӕ бон базонын у: ӕз Йерусалиммӕ бакувынмӕ куы ӕрцыдтӕн, ууыл дыууадӕс бонӕй фылдӕр нӕма рацыди.
Иннӕ апостолтӕй, Бардарӕг Йесойы ӕфсымӕр Йаковы йеддӕмӕ, ӕз никӕй федтон.
Ӕмӕ мын Хуыцау цы хорзӕх радта, уый куы базыдтой, уӕд Йаков, Кифӕ ӕмӕ Иоанн — аргъуаны цӕджындзтыл кӕй нымайынц, уыдон — немӕ ӕмгуысты нысанӕн мӕнӕн ӕмӕ Варнавӕйӕн райстой нӕ къухтӕ, цӕмӕй мах ацӕуӕм муртаттӕгтӕм, уыдон та — сунӕтгӕндтӕм.
Йаковӕй, Хуыцауы ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы цагъарӕй, — ӕцӕгӕлон адӕмты ’хсӕн цы дыууадӕс мыггаджы ныххӕлиу, уыдонмӕ. Фӕрнджын ут.