6 Мах та Донгонд дзулты бӕрӕгбоны фӕстӕ науы ацыдыстӕм Филиппты сахарӕй, фондз боны фӕстӕ семӕ баиу стӕм Троадӕйы ӕмӕ дзы фестӕм авд боны.
Фыццаджыдӕр, бӕрӕг кӕнут Донгонд дзулты бӕрӕгбон. Куыд уын бафӕдзӕхстон, афтӕ — авивы мӕйы (уыцы мӕй рацыдыстут Мысырӕй) нысангонд бонты, авд боны дӕргъы, хӕрут донгонд дзултӕ. Афтидармӕй уӕ Мӕ размӕ мачи ӕрбацӕуӕд.
Бӕрӕг кӕнут Донгонд дзулты бӕрӕгбон. Авд боны дӕргъы-иу хӕрут донгонд дзултӕ, куыд уын бафӕдзӕхстон, афтӕ — авивы мӕйы, нысангонд бонты, уымӕн ӕмӕ авивы мӕйы рацыдыстут Мысырӕй.
Ацы хъуыддаг иудейӕгтӕн ӕхсызгон кӕй у, уый куы федта, уӕд ӕй бафӕндыд Петры дӕр ӕрцахсын. Уый уыди Донгонд дзулты бӕрӕгбоны рӕстӕг.
Павелы цӕстылуайӕны хӕдуӕлвӕд мах нӕхи срӕвдз кодтам Македонимӕ цӕуынмӕ — бамбӕрстам, Хуыцау нӕм уырдӕм Фарны Уац фӕхӕссынмӕ кӕй фӕсидти, уый.
уырдыгӕй та — ромаг колони Филипптӕм, Македонийы уыцы хайы сӕйраг сахармӕ. Фестӕм дзы цалдӕр боны,
Уӕд ахызтысты Мисийыл ӕмӕ ӕрбахӕццӕ сты Троадӕмӕ.
Павелы Эфесмӕ бацӕуын нӕ фӕндыд, цӕмӕй Азийы ма бафӕстиат уа. Тагъд кодта, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕндыд, кӕд бантыса, уӕд Къуыриты бӕрӕгбонмӕ Йерусалиммӕ бахӕццӕ уӕвын.
Уыдон ацыдысты нӕ разӕй ӕмӕ нӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты Троадӕйы.
Мах ссардтам ахуыргӕнинӕгты ӕмӕ дзы баззадыстӕм авд боны. Уыдон, Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй, дзырдтой Павелӕн, цӕмӕй Йерусалиммӕ ма ацӕуа.
Дыккаг бон араст стӕм Кесаримӕ. Уым бацыдыстӕм, аргъуан цы авд лӕджы сӕвзӕрста, уыдонӕй иумӕ — Фарны Уац хъусынгӕнӕг Филиппы хӕдзармӕ, ӕмӕ уымӕ баззадыстӕм.
Уым ссардтам ӕфсымӕрты ӕмӕ сӕм, сӕ курдиатмӕ гӕсгӕ, баззадыстӕм авд боны, стӕй Роммӕ араст стӕм.
Павел ӕмӕ Тимофейӕ, Йесо Чырыстийы цагъартӕй, — Йесо Чырыстиимӕ удӕнгом чи у, Филиппты уыцы сыгъдӕджытӕм, аргъуаны хистӕртӕм ӕмӕ диакъонтӕм.
Куыд зонут, афтӕмӕй нӕ амӕй размӕ Филиппты бафхӕрдтой ӕмӕ дзы хъизӕмӕрттӕ бавзӕрстам, фӕлӕ нӕ Хуыцауы фӕрцы нӕ ныфс бахастам сымахӕн Йӕ Фарны Уац хъусын кӕнынмӕ, кӕд нӕ ныхмӕ тынг карзӕй лӕууыдысты, уӕддӕр.
Куы цӕуай, уӕд рахӕсс, Карпмӕ Троадӕйы кӕй ныууагътон, уыцы пӕлӕз, стӕй чингуытӕ, уӕлдайдӕр сӕракыл фыст чингуытӕ.