22 Ныр та мӕ Сыгъдӕг Уд ӕрвиты Йерусалиммӕ, ӕмӕ мыл уым цы ’рцӕудзӕни, уый нӕ зонын.
Хъуамӕ Мыл хъизӕмӕртты аргъуыдӕй саргъуыдӕуа, ӕмӕ куыд тынг удхар кӕнын, цалынмӕ уый не ’рцӕуа, уӕдмӕ!
Уӕлӕрвтӕм Йӕ сисыны афон куы ӕрӕввахс, уӕд Йесо сфӕнд кодта Йерусалиммӕ фӕцӕуын.
Ӕрӕввахс ис Куадзӕн. Йесо зыдта, кӕй ралӕууыди ацы дунейӕ Йӕ Фыдмӕ ацӕуыны афон. Уый уарзта ацы дунейы Йӕхионты ӕмӕ Йӕ уарзт равдыста ӕххӕстӕй.
Цыдӕриддӕр Ыл ӕрцӕудзӕн, уый зонгӕйӕ, Йесо сӕ размӕ рацыд ӕмӕ бафарста: «Кӕй агурут?»
Павел сӕм ӕнхъӕлмӕ каст Афинты ӕмӕ фыхти фыр мӕстӕй, уымӕн ӕмӕ уыдта, сахар гуымирытӕй йемыдзаг кӕй уыд, уый.
Ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ Павелы бафӕндыд Македони ӕмӕ Ахайыл Йерусалиммӕ ацӕуын. Павел загъта: «Йерусалимы фӕстӕ хъуамӕ бабӕрӕг кӕнон Ром дӕр».
Павелы Эфесмӕ бацӕуын нӕ фӕндыд, цӕмӕй Азийы ма бафӕстиат уа. Тагъд кодта, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕндыд, кӕд бантыса, уӕд Къуыриты бӕрӕгбонмӕ Йерусалиммӕ бахӕццӕ уӕвын.
Кӕд иу амарди ӕппӕт адӕмы сӕрвӕлтау, уӕд иууылдӕр амардысты — мах уый куы бамбӕрстам, уӕдӕй фӕстӕмӕ Чырыстийы уарзт немӕ ис.
Афтӕмӕй та, райсом цы ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут. Цы у уӕ цард? Сымах стут донытӕфау, исдуг чи фӕзыны ӕмӕ стӕй чи ӕрбайсӕфы.
Уымӕн ӕмӕ мын нӕ Бардарӕг Йесо Чырысти раргом кодта ӕмӕ зонын, рӕхджы мын ацы буар ныууадзгӕ кӕй уыдзӕн, уый.