Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 20:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Павелы Эфесмӕ бацӕуын нӕ фӕндыд, цӕмӕй Азийы ма бафӕстиат уа. Тагъд кодта, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕндыд, кӕд бантыса, уӕд Къуыриты бӕрӕгбонмӕ Йерусалиммӕ бахӕццӕ уӕвын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 20:16
17 Iomraidhean Croise  

Бӕрӕг кӕнут Къуыриты бӕрӕгбон дӕр — уӕ хуымты цы мӕнӕу байтыдтат, уымӕн йӕ фыццаг тыллӕджы бӕрӕгбон. Афӕдзы кӕрон бӕрӕг кӕнут Тыллӕгӕфснайӕн.


Петр кулдуар куы бахоста, уӕд кулдуары цурмӕ рацыди лӕггадгӕнӕг сылгоймаг, йӕ ном — Родӕ.


Ахызтысты Фригийыл ӕмӕ Галатийы бӕстыл, уымӕн ӕмӕ сӕ Сыгъдӕг Уд нӕ бауагъта Хуыцауы ныхас Азийы провинцийы амонын.


Бахӕццӕ сты Эфесмӕ. Уым ныууагъта Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕйы, йӕхӕдӕг та синагогӕмӕ бацыд ӕмӕ иудейӕгтимӕ ныхас кӕнын райдыдта.


Цӕуыны размӕ сын загъта: «[Цы бӕрӕгбон ӕрхӕццӕ кӕны, уый ӕз ӕнӕмӕнг Йерусалимы хъуамӕ арвитон.] Хуыцауы фӕндӕй та уӕм ӕрыздӕхдзынӕн». Ӕмӕ науы ацыдис Эфесӕй.


Аполлос Коринфы куы уыд, уыцы рӕстӕг Павел ахызти хӕхбӕстӕтыл ӕмӕ ӕрцыд Эфесмӕ. Уым фембӕлд цалдӕр ахуыргӕнинагыл


Ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ Павелы бафӕндыд Македони ӕмӕ Ахайыл Йерусалиммӕ ацӕуын. Павел загъта: «Йерусалимы фӕстӕ хъуамӕ бабӕрӕг кӕнон Ром дӕр».


Къуыриты бӕрӕгбон ралӕууыд, ӕмӕ иууылдӕр иумӕ ӕрӕмбырд сты.


Мах ацыдыстӕм разӕй, сбадтыстӕм науы ӕмӕ ацыдыстӕм Ассмӕ, цӕмӕй Павелы уырдыгӕй немӕ ракӕнӕм. Уымӕн ӕмӕ нын йӕхӕдӕг афтӕ бафӕдзӕхста, йӕ зӕрды фистӕгӕй ацӕуын кӕй уыди, уый тыххӕй.


Куы йӕм ӕрцыдысты, уӕд сын загъта: «Сымах зонут, ӕз Асимӕ куы ӕрцыдтӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ уыдтӕн уемӕ.


Ныр та мӕ Сыгъдӕг Уд ӕрвиты Йерусалиммӕ, ӕмӕ мыл уым цы ’рцӕудзӕни, уый нӕ зонын.


Павелимӕ [Асимӕ] уыдысты вериаг Сопатр — Пирры фырт, фессалоникӕгтӕ Аристарх ӕмӕ Секунд, дервиаг Гайос ӕмӕ Тимофей, стӕй асиӕгтӕ Тихик ӕмӕ Трофим.


Мах та Донгонд дзулты бӕрӕгбоны фӕстӕ науы ацыдыстӕм Филиппты сахарӕй, фондз боны фӕстӕ семӕ баиу стӕм Троадӕйы ӕмӕ дзы фестӕм авд боны.


Мах ссардтам ахуыргӕнинӕгты ӕмӕ дзы баззадыстӕм авд боны. Уыдон, Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй, дзырдтой Павелӕн, цӕмӕй Йерусалиммӕ ма ацӕуа.


Ӕз Йерусалиммӕ ӕрыздӕхтӕн бирӕ азты фӕстӕ, цӕмӕй баххуыс кӕнон мӕ адӕмы мӕгуыртӕн ӕмӕ нывӕндтӕ ӕрхӕссон.


Эфесы та фӕуыдзынӕн Къуыриты бӕрӕгбонмӕ —


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan