31 Давид уыдта фидӕн, ӕмӕ йӕ ацы ныхӕстӕ Чырыстийы райгасы тыххӕй сты: „Хуыцау Ӕй нӕ ныууадздзӕн мӕрдтыбӕсты, Йӕ буар нӕ бамбийдзӕн“.
Уыдон фыр нӕрдӕй фӕйнӕрдӕм тонынц, схъӕл ныхас кӕнынц.
Науӕд ды, Капернаум, афтӕ ӕнхъӕл дӕ, ӕмӕ дӕ арвмӕ сисдзысты? Нӕ, дӕлзӕхмӕ ныххаудзынӕ, уымӕн ӕмӕ, ды цы диссӕгтӕ федтай, уыдон Содомы куы равдыстӕуыдаид, уӕд ма уый абон дӕр ма йӕ бынаты лӕууид.
Уымӕ гӕсгӕ иннӕ ран загъдӕуы: „Дӕ Сыгъдӕджы нӕ бауадздзынӕ ингӕны ӕмбийын“.
уымӕн ӕмӕ Ды мӕн нӕ ныууадздзынӕ мӕрдтыбӕсты, Дӕ Сыгъдӕджы нӕ бауадздзынӕ ӕмбийын.
бавӕрдтой Йӕ, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас ис, Фысты куыд загъд ис, афтӕ.
Сыгъдӕг Фысты рагацау загъдӕуыди, Хуыцау муртаттӕгты кӕй сраст кӕндзӕн уырнындзинады фӕрцы; ӕмӕ Хуыцау Авраамӕн развӕлгъау фехъусын кодта Фарны Уац: «Дӕ фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ».