Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 2:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 Ды мын бацамыдтай царды фӕндӕгтӕ, Дӕ цӕсгомы раз мӕ байдзаг кӕндзынӕ цинӕй“.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 2:28
14 Iomraidhean Croise  

Мӕ фӕдыл зылдысты, ӕмӕ сӕ къӕппӕджы бахаудтӕн, сӕ цӕстытӕ мӕм ныззынг кодтой — хъуамӕ мӕ афӕлдахой зӕххыл.


Суагъта Йӕ фӕттӕ ӕмӕ ныххӕлиу кодта фыдгулты, арвӕрттывдӕй сӕ лидзӕг фӕкодта.


Уаз дӕ Ды, Израилы кады зарджыты астӕу Дӕ паддзахы бадӕны бадыс.


Дӕумӕ-иу дзынӕзтой ӕмӕ-иу фервӕзтызты, сӕхи дыл фӕдзӕхстой ӕмӕ никуы фӕфыдӕнхъӕл сты.


Ӕз сайӕгойтимӕ ӕмдзӕхдон никуы уыдзынӕн, мӕнгӕрдтимӕ иу фӕндагыл нӕ ацӕудзынӕн.


Мӕ уд, уӕдӕ цы ныхъхъуыстай дӕхимӕ? Цӕуыл у дӕ сагъӕс? Дӕ Хуыцауыл дӕ зӕрдӕ дар: ӕз Ӕй нырма стаудзынӕн — мӕ Ирвӕзынгӕнӕджы, мӕ Хуыцауы.


Мидӕмӕ йӕм чи бахизы, уый царды фӕндагыл нал ацӕуы.


Ӕз цӕуын раст фӕндагыл, раст тӕрхоны къахвӕндӕгтыл,


Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, ӕцӕгад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ ничи ӕрцӕудзӕн, Мӕ фӕрцы куы не ’рцӕуа, уӕд.


уымӕн ӕмӕ Ды мӕн нӕ ныууадздзынӕ мӕрдтыбӕсты, Дӕ Сыгъдӕджы нӕ бауадздзынӕ ӕмбийын.


Ме ’фсымӕртӕ, мӕ ныфс хӕссын сымахӕн нӕ рагфыдӕл Давиды тыххӕй зӕгъынмӕ: уый амард, ӕрцыди ныгӕд ӕмӕ йӕ зӕппадз абон дӕр бӕлвырд у.


уырнындзинад Чи дӕтты ӕмӕ йӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст Чи кӕны, уыцы Йесомӕ кӕсгӕйӕ: цы цины аккаг уыд, уый бӕсты фӕразонӕй фӕхъизӕмар кодта, худинаг ницӕмӕ ӕрдардта, афтӕмӕй амарди дзуарыл ӕмӕ ныр «бады Хуыцауы рахизфарс».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan