25 Давид Йесойы тыххӕй афтӕ зӕгъы: „Бардарӕг мӕ цӕстыты раз ис ӕдзухдӕр; Уый мӕ рахизфарс ис — ӕз нӕ фӕцуддзынӕн.
Чи Йӕ нымайы, уыдонӕн дӕтты хойраг, ӕнусмӕ Дзы нӕ рох кӕны Йӕ фӕдзӕхст.
Ӕз та цыма адӕймаг нӕ, фӕлӕ уаллон дӕн: адӕмӕн — фидиссаг, дзыллӕйӕн — ӕлгъаг.
Дӕ къухмӕ Дын дӕттын мӕ уд. О Дунедарӕг, иузӕрдион Хуыцау, фервӕзын мӕ кӕн!
О Хуыцау! Ды мӕ Хуыцау дӕ, сӕумӕйӕ Дӕм тырнын. Дӕумӕ бӕллы мӕ уд, ӕнӕдон, хус ӕдзӕрӕг быдыры, Дӕу мысгӕйӕ, ӕз баруайын.
Мӕ уд цыма сойӕфсӕст у, уыйау райгӕйӕ Дӕ стауы ме ’взаг.
Ма ферох кӕн, ам Де знӕгтӕн сӕ хъӕр кӕй хъуысы ӕмӕ ӕдзух кӕй змӕнтынц Дӕ ныхмӕ.
Уымӕн ӕмӕ Ӕз — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау. Уӕ рахиз къухыл уын хӕцын ӕмӕ уын зӕгъын, ма тӕрсут, Ӕз уе ’ххуысгӕнӕг дӕн, зӕгъгӕ.
Сӕ дыууӕ дӕр Хуыцауы раз растӕй цардысты, ӕнӕаиппӕй ӕххӕст кодтой Хуыцауы ӕппӕт фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ.
Мӕнӕ рӕстӕг ӕрцӕуы, ӕниу, цӕугӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ сымах уӕ хӕдзӕрттӕм фӕлидздзыстут ӕмӕ Мӕ иунӕгӕй ныууадздзыстут. Фӕлӕ Ӕз иунӕг нӕ дӕн, уымӕн ӕмӕ Мӕ Фыд Мемӕ ис.
Уымӕн райы мӕ зӕрдӕ, мӕ былалгъыл — цин; суанг мӕ буар дӕр зӕрдӕдаргӕйӕ ӕрӕнцайдзӕн,