Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 2:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Уӕд Петр иннӕ иуӕндӕс апостолимӕ ӕрлӕууыд адӕмы раз ӕмӕ сын, алчидӕр ӕй куыд хъуса, афтӕ хъӕрӕй дзурын райдыдта: «Иудейӕгтӕ ӕмӕ Йерусалимы ӕппӕт цӕрджытӕ! Лӕмбынӕг мӕм ӕрбайхъусут ӕмӕ йӕ бамбарат.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 2:14
18 Iomraidhean Croise  

Уӕдӕ мӕм байхъусут, сабитӕ: мӕ фӕндӕгтӕ чи хъахъхъӕны, уыдон тӕхудиаг сты!


Бӕрзонд хохмӕ схиз, Сионы сахар, фарны уац хӕссӕг! Дӕ хъӕлӕсы дзаг ныхъхъӕр кӕн, фарны уац хӕссӕг Йерусалим! Ныхъхъӕр кӕн, ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс! Мӕнӕ — уӕ Хуыцау, зӕгъгӕ, зӕгъ Иудейы сахартӕн!


«Ӕрбайхъусут-ма Мӕм, раст хъуыддӕгтӕ аразыныл йӕхи чи хъары ӕмӕ Мӕнмӕ чи кувы, уыдон! Скӕсут-ма, цы къӕдзӕхӕй уӕ ӕркарстӕуыд, уымӕ! Ныккӕсут-ма, цы донуатӕй уӕ скъахтӕуыд, уымӕ дӕр!


Ӕрбайхъусут Мӕм, Мӕ адӕм, Ӕрбайхъусут Мӕм, Мӕ дзыллӕ! Ӕз уын ӕрӕвӕрдзынӕн Ӕгъдау, Мӕ амындтытӕ рухсдӕттӕг суыдзысты адӕмтӕн.


Ӕрбайхъусут Мӕм, Мӕ рӕстдзинад Мын чи зоны, Ме ’гъдау йӕ зӕрдӕйы фыст кӕмӕн у, уыдон! Искӕй фидистӕй ма тӕрсут, искӕй ӕлгъыстытӕ уыл тас ма ’фтауӕнт!


Дӕ хъахъхъӕнджытӕ сӕ хъӕлӕсы дзаг цинхъӕр кӕнынц, уымӕн ӕмӕ сӕхи цӕстӕй уынынц, Дунедарӕг Сионмӕ куыд ӕрбаздӕхы, уый.


Уе ’взистӕй цӕмӕн дӕттут, къӕбӕры аккаг уын цы нӕу, уый сӕрмӕ? Уӕ хъиамӕтӕй дӕр цӕмӕн фидут, уе стонг уын цы нӕ сафы, ууыл? Мӕ коммӕ куы кӕсат, уӕд уӕ хойраг уыдзӕни фӕрнӕйдзаг, уӕ удтӕ ӕфсаддзыстут хӕрзад хӕринагӕй.


Дунедарӕг загъта: «Хъӕр кӕн дӕ тых, дӕ бонӕй, сыкъауадындзау азӕлӕд дӕ хъӕлӕс! Мӕ адӕмӕн, Йаковы байзӕддӕгтӕн, бауайдзӕф кӕн сӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ сӕ тӕригъӕдты тыххӕй!


Сыкъауадындзӕй ныууас! Хъӕрццыгъайау йӕхи ныццӕвдзӕн знаг Дунедарӕджы адӕмыл, уымӕн ӕмӕ Мӕ Фидыды сӕрты ахызтысты, Ме ’Гъдауы ныхмӕ сыстадысты.


Йесо райгуырди иудейаг Вифлеемы, паддзах Ироды заман. Йӕ райгуырды фӕстӕ Йерусалиммӕ скӕсӕнӕй ӕрбацыдысты стъалыдӕснытӕ ӕмӕ фарстой:


Хӕлттӕ сӕппӕрстой, Матфийы хал схаудта, ӕмӕ иуӕндӕс апостолимӕ бамбал ис.


Павел сыстад ӕмӕ, къухӕй ацамонгӕйӕ, загъта: «Байхъусут, израилӕгтӕ, стӕй, Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдон!


Израилӕгтӕ, байхъусут, Назаретаг Йесойы тыххӕй уын цы зӕгъдзынӕн, уымӕ: Хуыцау Ӕй кӕй рарвыста, ууыл дзурӕг сты, уӕ цӕстыты раз Хуыцау Йӕ фӕрцы цы стыр хъуыддӕгтӕ, диссӕгтӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ равдыста, уыдон.


Хъӕр систой: «Израилӕгтӕ, баххуыс кӕнут! Ацы адӕймаг алкӕй дӕр ӕмӕ алы ран дӕр ахуыр кӕны нӕ адӕмы, Ӕгъдауы ӕмӕ ацы бынаты ныхмӕ. Суанг ма муртаттӕгты дӕр бахуыдта Кувӕндонмӕ ӕмӕ фӕчъизи кодта ацы сыгъдӕг бынат!»


Стӕй синедрионы уӕнгтӕн загъта: «Израилӕгтӕ, хорз ахъуыды кӕнут, ацы адӕмӕн уын цы гӕнгӕ у, ууыл.


Стефан загъта: «Ме ’фсымӕртӕ ӕмӕ хистӕртӕ! Байхъусут мӕм. Нӕ фыдӕл Авраам Хараны нӕма ӕрцард, афтӕ йӕм Месопотамийы Йӕ кады тӕмӕны раргом ис Хуыцау


Моисей, сауджын левиттӕ йемӕ, афтӕмӕй загъта ӕгас Израилӕн: «Лӕмбынӕг хъусут, израилӕгтӕ! Абон сымах баистут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, адӕм.


Байхъусут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ. Дунейы цӕсты гӕвзыкк чи у, уыдоны Хуыцау, мыййаг, нӕ сӕвзӕрста уырнындзинадӕй сӕ схъӕздыг кӕнынмӕ ӕмӕ сӕ Йӕ Паддзахадмӕ бахонынмӕ? Уыцы Паддзахадӕй Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan