13 Уыдис, худгӕ сыл чи кодта, ахӕмтӕ дӕр: «Адджын сӕнӕй сӕхимӕ ӕгӕр фӕкастысты».
ног сӕнӕй йедзаг ӕмӕ ӕхгӕд лалымау фӕйнӕрдӕм атоныны ӕввонг дӕн.
Ӕз ахъуыды кодтон: схиздзынӕн пальмӕмӕ, баныхӕсдзынӕн йӕ къалиутыл, дӕ риутӕ мын сӕнӕфсиры цупӕлттӕ фестдзысты, дӕ улӕфт та — фӕткъуыты хӕрздӕф,
Уӕларвӕфсады Бардарӕг ӕппӕт адӕмтӕн Сионы хохыл куывд скӕндзӕн. Фынгтӕ зӕхмӕ тасдзысты алы минасӕй, дзидзайы нард, стӕджы магъз ӕмӕ сӕны дзӕбӕхӕй.
Ефрем сахъ хӕстоны хуызӕн суыдзӕни, цыма сӕны хъӕстӕ фӕцис, уыйау райдзӕни йӕ зӕрдӕ. Уый фенгӕйӕ, йӕ цот дӕр цин кӕндзысты, Дунедарӕгӕй райдзӕни сӕ зӕрдӕ.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг сӕ хъахъхъӕндзӕн, ӕмӕ дурӕхсӕны дуртыл фӕуӕлахиз уыдзысты, ныццӕгъддзысты сӕ; сӕ уынӕр хъуысдзӕнис, цыма сӕнӕй ныррасыг сты, уыйау; нывондхӕссӕн кӕхцытау, нывондхӕссӕны сыкъатау байдзаг уыдзысты сӕнӕй.
О, куыд хорз ӕмӕ куыд рӕсугъд уыдзысты! Хорӕй дидинӕг скалдзысты лӕппутӕ, ног сӕнӕй — чызджытӕ!
Сымах куыд ӕнхъӕл стут, хъуыддаг афтӕ нӕу: ацы адӕм нозтджын не сты — нырма боны ӕртыккаг сахат у.
Ӕгас аргъуаны ӕмбырды ӕнӕзонгӕ ӕвзӕгтыл куы дзурат, афтӕмӕй уӕм, чи сӕ не ’мбары, ахӕмтӕ кӕнӕ ӕнӕуырнджытӕ дӕр куы бацӕуой, уӕд цы зӕгъдзысты? Ӕрратӕ уӕ нӕ фӕхондзысты?
Фыднозт ма кӕнут сӕн, уымӕн ӕмӕ уый расайы хӕлд митӕ, уый бӕсты уӕхи йемыдзаг кӕнут Сыгъдӕг Удӕй.
Ӕмӕ йын загъта Елиа: «Расыгӕй ма ам бирӕ лӕудзынӕ? Ацу ӕмӕ баулӕф».