6 Павел сыл йӕ къухтӕ куы авӕрдта, уӕд Сыгъдӕг Удӕй схайджын сты, райдыдтой ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурын ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕнын.
Уырнджытӕ та ахӕм диссӕгтӕ ӕвдисдзысты: Мӕ номӕй сурдзысты дӕлимонты, ног ӕвзӕгтыл сдзурдзысты;
Уыдысты иу-дыууадӕс лӕджы бӕрц.
Се ’ппӕт дӕр схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ райдыдтой алы ӕвзӕгтыл дзурын, Уд сӕ куыд арӕзта, афтӕ.
Ӕркодтой сӕ апостолтӕм. Уыдон сын бакуывтой ӕмӕ сыл сӕ къухтӕ авӕрдтой.
Ананиа араст, бацыди хӕдзармӕ, Савлыл ӕрӕвӕрдта йӕ къухтӕ ӕмӕ загъта: «Ме ’фсымӕр Савл, ды фӕндагыл куы уыдтӕ, уӕд дӕм Чи раргом, уыцы Бардарӕг Йесо мӕ рарвыста, цӕмӕй цӕстӕй ракӕсай ӕмӕ схайджын уай Сыгъдӕг Удӕй».
Искӕуыл къух ӕрӕвӕрынмӕ ма батагъд кӕн, цӕмӕй ма схайджын уай кӕйдӕр тӕригъӕдӕй; дӕхи бахиз фӕчъизийӕ.
Уымӕ гӕсгӕ ма дын иу хатт зӕгъын: мӕ къухӕрӕвӕрды руаджы Хуыцау дӕуӕн кӕй радта, уыцы курдиаты арт ахуыссын ма бауадз.