Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 19:34 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

34 Фӕлӕ, иудейаг кӕй у, уый куы базыдтой, уӕд дыууӕ сахаты бӕрц ӕмхъӕр кодтой: «Стыр у Эфесаг Артемидӕ!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 19:34
10 Iomraidhean Croise  

Уыдон сӕ нывондаджы ӕрцӕттӕ кодтой ӕмӕ райсомӕй сихормӕ Баалмӕ йӕ номӕй хъӕрӕй сидтысты, Баал, фехъус нӕ, зӕгъгӕ, ӕмӕ кувгӕ-кувын сӕ нывондхӕссӕны алыварс гӕппытӕ кодтой ӕмӕ кафыдысты. Фӕлӕ сӕм иу сым дӕр ӕмӕ иу дзуапп дӕр никӕцӕй ӕрыхъуысти.


Кувгӕйӕ та уӕлдай ныхӕстӕ ма дзурут муртаттӕгтау — уыдон афтӕ ӕнхъӕл сты, ӕмӕ, фылдӕр куы дзурой, уӕд сӕ куывд хуыздӕр фехъуысдзӕн Хуыцаумӕ.


Бакодтой сӕ сахары хицӕуттӕм ӕмӕ загътой: «Ацы лӕгтӕ сты иудейӕгтӕ ӕмӕ змӕнтынц нӕ сахар.


Иу зӕрингуырд, йӕ ном — Димитрий, ӕвзистӕй кодта сылгоймаг-хуыцау Артемидӕйы кувӕндӕттӕ ӕмӕ уымӕй ӕрмдӕснытӕн лӕвӕрдта стыр ӕфтиаг райсыны фадат.


Афтӕмӕй та уынут ӕмӕ хъусут, ӕрмӕст Эфесы нӕ, фӕлӕ ӕппӕт Азийы дӕр уыцы Павел кӕй асайдта бирӕ адӕмы — баууӕндын сӕ кодта, адӕймаджы къухтӕ кӕй сарӕзтой, уыдон хуыцӕуттӕ не сты, зӕгъгӕ.


Уыдон уый куы фехъуыстой, уӕд сӕ маст рафыхт ӕмӕ хъӕр систой: «Кадджын уӕд Стыр Эфесаг Артемидӕ!»


Иудейӕгтӕ размӕ рацӕуын кодтой Александры. Уый йӕ къухӕй ацамыдта, цӕмӕй адӕм басабыр уой, ӕмӕ хъавыди дзыллӕйы раз йӕхиуӕтты сраст кӕнынмӕ.


Сахары хицӕуттӕй иу ӕрсабыр кодта адӕмы ӕмӕ загъта: «Эфесӕгтӕ, чи уӕ нӕ зоны, Эфесы сахар стыр Артемидӕйы кувӕндонӕн ӕмӕ, уӕларвӕй чи ӕрхауд, йӕ уыцы фӕлгонцӕн лӕггадгӕнӕг кӕй у, уый?


Зӕгъыс «ма хӕт» — ӕмӕ хӕтыс! Былысчъилтӕ кӕныс гуымирытыл — ӕмӕ кувӕндӕттӕ къахыс!


Бакуывтой сырдӕн дӕр ӕмӕ дзырдтой: «Ацы сырдӕн ӕмбал нӕй, кӕй бон бауыдзӕн йемӕ тохы бацӕуын!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan