Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 19:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Уыцы рӕстӕг стыр змӕст ӕрцыди Бардарӕджы Фӕндаджы ныхмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 19:23
10 Iomraidhean Croise  

Аполлос ныфсджынӕй дзурын райдыдта синагогӕйы. Акилӕ ӕмӕ йӕм Прискиллӕ куы байхъуыстой, уӕд ӕй ахуыдтой сӕхимӕ ӕмӕ йын бӕлвырддӕр бацамыдтой Хуыцауы фӕндаг.


Фӕлӕ иуӕй-иутӕ хъӕддыхӕй ныхмӕ куы лӕууыдысты, куы не ’ууӕндыдысты ӕмӕ адӕмы раз ӕргом куы фаудтой Бардарӕджы фӕндаг, уӕд сӕ Павел ныууагъта, рахицӕн кодта ахуыргӕнинӕгты ӕмӕ ӕрвылбон семӕ ныхас кодта Тиранны скъолайы.


Ӕз ӕфхӕрдтон, ацы фӕндагыл чи цыди, уыдоны, сӕ амарыныл дӕр нӕ ауӕрстон, ахстон нӕлгоймӕгты дӕр ӕмӕ сылгоймӕгты дӕр ӕмӕ сӕ кодтон ахӕстоны.


Фӕлӕ дӕ разы ууыл сӕттын, ӕмӕ, уыдон мӕнгдин кӕй хонынц, уыцы ахуырадмӕ гӕсгӕ ӕз лӕггад кӕнын нӕ фыдӕлты Хуыцауӕн; ӕууӕндын, Ӕгъдауы чиныджы ӕмӕ пехуымпартӕм цы фыст ис, ӕппӕт уыдӕттыл.


Феликс бӕстон зыдта Бардарӕджы фӕндаджы тыххӕй ӕмӕ хъуыддаг аргъӕвта фӕстӕдӕрмӕ: «Ӕфсӕддон хицау Лисий куы ’рцӕуа, уӕд уын ӕркӕсдзынӕн уӕ хъуыддагмӕ».


ӕмӕ дзы Дамаскы синагогӕтӕм фыстӕджытӕ ракуырдта, цӕмӕй, Йесойы фӕдыл цӕуджытӕй кӕй ссара, уыдоны, лӕгӕй, усӕй, ӕрцахса ӕмӕ сӕ ӕрбакӕна Йерусалиммӕ.


Ӕдзух фӕндагыл дӕн, ӕдзух — тӕссаг уавӕрты: донивылд, абырджытӕ, ме ’мбӕстӕгтӕ, муртаттӕгтӕ. Уыимӕ ма ноджы алы фыдбылызтӕ: сахары, цӕуӕг кӕм нӕй, ахӕм рӕтты, денджызы, мӕнгӕфсымӕрты къухӕй…


над ӕййафгӕйӕ, ахӕстоны, змӕст уавӕрты, уӕззау куысты, ӕгъуыссӕгӕй, ӕххормагӕй.


ӕнӕхъуыстгонд нӕ хонынц, фӕлӕ нӕ бирӕтӕ зонынц; нымайынц нӕ мардыл, фӕлӕ удӕгас стӕм; мардӕфхӕрд нӕ кӕнынц, фӕлӕ нӕ мӕлӕм.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan