Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 19:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Йӕ ӕххуысгӕнджытӕй дыууӕйы, Тимофей ӕмӕ Эрасты, арвыста Македонимӕ, йӕхӕдӕг та рӕстӕгмӕ баззад Азийы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 19:22
18 Iomraidhean Croise  

Бахӕццӕ сты Саламинмӕ ӕмӕ иудейаг синагогӕты Хуыцауы ныхас амыдтой. Семӕ ма уыдис Иоанн дӕр ӕмӕ сын ӕххуыс кодта.


Павел бахӕццӕ Дервимӕ ӕмӕ Листрӕмӕ. Уым царди иу ахуыргӕнинаг, йӕ ном — Тимофей. Йӕ мад уыди иудейаг — чырыстон сылгоймаг, йӕ фыд та — муртаттаг.


Павелы бафӕндыд Тимофейы йемӕ акӕнын. Уым иудейӕгтӕ кӕй царди, уымӕ гӕсгӕ Тимофейӕн сунӕт скодта, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр зыдтой, йӕ фыд муртаттаг кӕй уыд, уый.


Силӕ ӕмӕ Тимофей Македонийӕ куы ӕрцыдысты, уӕд Павел йӕ рӕстӕг иууылдӕр бахардз кодта Хуыцауы ныхас амоныныл — иудейӕгты ӕууӕндын кодта, Йесо Хуыцауы Байсӕрст кӕй у, ууыл.


Афтӕ ахаста дыууӕ азы, ӕмӕ Азийы ӕппӕт цӕрджытӕ — иудейӕгтӕ дӕр ӕмӕ муртаттӕгтӕ дӕр — фехъуыстой Бардарӕджы ныхас.


Ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ Павелы бафӕндыд Македони ӕмӕ Ахайыл Йерусалиммӕ ацӕуын. Павел загъта: «Йерусалимы фӕстӕ хъуамӕ бабӕрӕг кӕнон Ром дӕр».


Ӕгас сахар ӕддӕг-мидӕг ауади. Адӕм ӕрцахстой Павелы македойнаг ӕмбӕлццӕттӕ Гайос ӕмӕ Аристархы ӕмӕ ӕмгуылфӕй атындзыдтой театрмӕ.


Змӕст куы ӕрсабыр ис, уӕд Павел ахуыргӕнинӕгты ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сӕ ныфс бауагъта, хӕрзбон сын загъта ӕмӕ араст Македонимӕ.


Уӕхӕдӕг зонут, мӕхи ӕмӕ ме ’мбӕлццӕтты хъуӕгтӕн ӕз куыстон мӕ ацы дыууӕ къухӕй.


Салам уын ӕрвиты мӕ фысым, ӕппӕт аргъуан кӕй хӕдзары ӕрӕмбырд вӕййы, уыцы Гайос. Саламтӕ уын сахары ӕхцафснайӕг Эрастӕй ӕмӕ не ’фсымӕр Квартӕй.


Мӕ зӕрды уыди, Македонимӕ цӕугӕйӕ, сымахмӕ фездӕхын, стӕй уӕм Македонийӕ ногӕй ӕрцӕуын, цӕмӕй мӕ сымах Иудеймӕ цӕуынмӕ срӕвдз кӕнат.


Хъуаг цӕмӕй ӕййӕфтон, уымӕй мын баххуыс кодтой Македонийӕ ӕрцӕуӕг ӕфсымӕртӕ. Ӕз уӕ никуы батыхсын кодтон ӕмӕ уӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕр нӕ батыхсын кӕндзынӕн.


уӕддӕр мӕ уд ӕнцой нӕ зыдта, уымӕн ӕмӕ ме ’фсымӕр Тит уым нӕ разынди. Уымӕ гӕсгӕ сын хӕрзбон загътон ӕмӕ ацыдтӕн Македонимӕ.


Хъусын уын кӕнӕм, ӕфсымӕртӕ, Македонийы аргъуантӕн Хуыцау цы хорзӕх радта, уый тыххӕй.


Уымӕй уӕлдай ма йӕ аргъуантӕ равзӕрстой не ’мбӕлццонӕй дӕр, мах кӕй аразӕм, уыцы арфӕйаг хъуыддаджы. Уыцы куыст мах кӕнӕм Бардарӕджы кадӕн ӕмӕ йыл ӕнувыдӕй кӕй архайӕм, уый равдисынӕн.


Бардарӕджы Фарны Уац сымахӕй анхъӕвзта канд Македонийыл ӕмӕ Ахайыл нӕ, фӕлӕ, Хуыцауыл куыд тынг ӕууӕндут, уыцы хабар бахӕццӕ алы ранмӕ дӕр, ӕмӕ ныр мах уый тыххӕй дзурын ницӕмӕнуал хъӕуы.


Эраст баззади Коринфы, Трофимы рынчынӕй ныууагътон Милеты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan