Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 19:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 ӕмӕ сӕ бафарста: «Куы баууӕндыдыстут, уӕд Сыгъдӕг Удӕй схайджын стут?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Сыгъдӕг Уды кой мах хъусгӕ дӕр нӕ фӕкодтам».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 19:2
12 Iomraidhean Croise  

Йесо афтӕ Сыгъдӕг Уды, — чи Йыл ӕууӕнды, уыдон Кӕмӕй хъуамӕ схайджын уыдаиккой, — Уый тыххӕй загъта. Уӕд нырма Сыгъдӕг Удӕй нӕма схайджын сты, уымӕн ӕмӕ Йесойы кад нӕма раргом ис.


Петр уыдӕттӕ куы дзырдта, уӕд ӕм чидӕриддӕр хъуыста, уыдон схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй.


Ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд аргъуыд райстой Бардарӕг Йесойы номыл.


„Ӕмӕ рӕстӕджыты кӕрон, — зӕгъы Хуыцау, — Ӕз ӕппӕт адӕмы схайджын кӕндзынӕн Мӕ Удӕй. Пехуымпариуӕг кӕндзысты уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ; уӕ лӕппутӕ уындзысты цӕстылуайӕнтӕ; уӕ хистӕртӕ та — Мӕ лӕвӕрд фынтӕ.


Уӕ уындмӕ тынг бӕллын, цӕмӕй уын, Сыгъдӕг Уд мын цы ралӕвар кодта, уымӕй бахай кӕнон ӕмӕ сфидар уат.


Хуыцауӕй уын лӕвӕрд цы буар у, уый Сыгъдӕг Уды цӕрӕнут кӕй у, уый нӕ зонут, ӕви? Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уӕхиуыл уӕ бар нӕ цӕуы,


Хуыцау уын Сыгъдӕг Уд, Ӕгъдау кӕй ӕххӕст кӕнут, уый руаджы дӕтты ӕмӕ уе ’хсӕн диссӕгтӕ уый фӕрцы аразы ӕви Фарны Уац фехъусыны ӕмӕ йыл баууӕндыны фӕрцы?


Уӕд Самуел Дунедарӕджы нӕма зыдта, Дунедарӕджы дзырд ын нӕма раргом.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan