15 Фӕлӕ сын ӕнӕзӕгъинаг загъта: «Йесойы зонын, Павел дӕр мын зындгонд у, сымах та чи стут?»
«Цы Дӕ хъӕуы махӕй, Назаретаг Йесо? Ды нӕ фесафынмӕ ӕрцыдтӕ! Ӕз зонын, Чи дӕ, уый — Ды Хуыцауы Сыгъдӕг дӕ».
Йесо сдзӕбӕх кодта, алыхуызон низтӕй рынчын чи уыди, бирӕ ахӕм адӕмы. Бирӕтӕн фӕсырдта сӕ дӕлимонты, фӕлӕ ӕнӕзӕгъинӕгты дзурын нӕ уагъта, уымӕн ӕмӕ, Чи у, уый зыдтой.
Афтӕ кодтой цавӕрдӕр иудейаг алчер Скевӕйы авд фырты дӕр.
Уӕд сыл, ӕнӕзӕгъинаг кӕй мидӕг уыд, уыцы адӕймаг йӕхи ныццавта ӕмӕ сын ахӕм над скодта, ӕмӕ уыцы хӕдзарӕй лидзӕг фесты бӕгънӕгӕй ӕмӕ цӕфтӕй.
Дӕу уырны, Хуыцау иунӕг Хуыцау кӕй у, уый. Хорз кӕныс. Уый дӕлимонты дӕр уырны ӕмӕ ӕмризӕджы ризынц.