Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 18:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Силӕ ӕмӕ Тимофей Македонийӕ куы ӕрцыдысты, уӕд Павел йӕ рӕстӕг иууылдӕр бахардз кодта Хуыцауы ныхас амоныныл — иудейӕгты ӕууӕндын кодта, Йесо Хуыцауы Байсӕрст кӕй у, ууыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 18:5
33 Iomraidhean Croise  

Ӕз загътон: «Сӕ зӕрдыл сын Ӕй нал ӕрлӕууын кӕндзынӕн, нырӕй фӕстӕмӕ Йӕ номы сӕраппонд нал дзурдзынӕн!» Фӕлӕ цыма мӕ зӕрдӕйы арт ссыгъд ӕмӕ ме стджыты мидӕг ахст уыди, уыйау сфӕлмӕцыдтӕн, мӕ бон ӕй бауромын нал уыд.


Ӕз байдзаг дӕн Дунедарӕджы мастӕй, мӕ бон ӕй нал у уромын! «Сывӕллӕттыл, стӕй, уынджы чи ӕрӕмбырд, уыцы лӕппутыл ӕй ныккал! Нӕлгоймӕгтӕ ӕд устытӕ, стӕй, сӕ царды бонтӕ кӕмӕн фӕвӕййынц, уыцы зӕронд лӕгтӕ уацары бахаудзысты.


Уд мӕ систа ӕмӕ мӕ ахаста уырдыгӕй. Ӕз цыдтӕн, хъынцъымгӕнгӕйӕ, мӕстӕлгъӕдӕй, уымӕн ӕмӕ мыл Дунедарӕг Йӕ къухы уӕз ӕруагъта.


Ӕз та дзаг дӕн Дунедарӕджы Уды хъаруйӕ, рӕстдзинад ӕмӕ ӕхсарӕй, цӕмӕй Йаковӕн, йӕ азым цӕй мидӕг ис, уый зӕгъон ӕмӕ Израилӕн бамбарын кӕнон йӕ тӕригъӕд.


Хъуамӕ Мыл хъизӕмӕртты аргъуыдӕй саргъуыдӕуа, ӕмӕ куыд тынг удхар кӕнын, цалынмӕ уый не ’рцӕуа, уӕдмӕ!


Фондз ӕфсымӕры мын ис; уадз ӕмӕ сын зӕгъа, цӕмӕй уыдон дӕр ацы удхары бынатмӕ ма ӕрбахауой“.


Андрей ӕвӕстиатӕй бацагуырдта йе ’фсымӕр Симоны ӕмӕ йын загъта: «Мах ссардтам Мессиайы» (ома Чырыстийы).


Уым Ыл иудейӕгтӕ ӕрӕмбырд сты ӕмӕ Йын дзырдтой: «Кӕдмӕ ма нӕ тыхсын кӕндзынӕ? Кӕд Чырысти дӕ, уӕд нын ӕй ӕргом зӕгъ».


Сымах дӕр Мын уыдзыстут ӕвдисӕнтӕ, уымӕн ӕмӕ фыццаг бонтӕй фӕстӕмӕ Мемӕ стут.


Ӕз цы дзырдтон, уымӕн уӕхӕдӕг стут ӕвдисӕнтӕ: „Ӕз Чырысти нӕ дӕн, фӕлӕ Йӕ разӕй ӕрвыст дӕн“.


Ӕмӕ Йесо махӕн бафӕдзӕхста адӕммӕ Фарны Уац фӕхӕссын, Уый удӕгӕстӕн ӕмӕ мӕрдтӕн Хуыцауӕй ӕвӕрд Тӕрхонгӕнӕг кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн лӕууын.


Уӕд апостолтӕ ӕмӕ хистӕртӕ ӕппӕт аргъуанимӕ сфӕнд кодтой аргъуанӕй цалдӕр лӕджы сӕвзарын ӕмӕ сӕ Павелимӕ ӕмӕ Варнавӕимӕ Антиохимӕ арвитын. Ӕмӕ сӕрмагондӕй равзӕрстой, Варсавӕ дӕр ма кӕй хуыдтой, уыцы Иудӕйы, стӕй Силӕйы — ӕфсымӕрты ӕхсӕн дзырддзӕугӕдӕрты.


Павел бахӕццӕ Дервимӕ ӕмӕ Листрӕмӕ. Уым царди иу ахуыргӕнинаг, йӕ ном — Тимофей. Йӕ мад уыди иудейаг — чырыстон сылгоймаг, йӕ фыд та — муртаттаг.


уырдыгӕй та — ромаг колони Филипптӕм, Македонийы уыцы хайы сӕйраг сахармӕ. Фестӕм дзы цалдӕр боны,


Уыцы ӕхсӕв Павел федта цӕстылуайӕн: йӕ разы ӕрлӕууыд иу македойнаг лӕг ӕмӕ йӕм хатыд: «Ӕрцу Македонимӕ ӕмӕ нын баххуыс кӕн».


ӕмбарын сын ӕй кодта ӕмӕ архайдта ууыл, цӕмӕй баууӕндой: Чырысти хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ райгас уыдаид. Дзырдта сын, ӕз уын цы Йесойы тыххӕй хъусын кӕнын, Уый Чырысти у, зӕгъгӕ.


Ӕппӕт адӕмы раз-иу йӕ тыхджын ныхасӕй басаста иудейӕгты — Сыгъдӕг Фысты фӕрцы ӕмбарын кодта, Йесо Чырысти кӕй у, уый.


Уӕдӕ ӕппӕт израилаг адӕм фидарӕй зонӕнт: сымах Кӕй байтыгътат, уыцы Йесойы Хуыцау скодта Бардарӕг ӕмӕ Чырысти».


Иудейӕгтӕм дӕр ӕмӕ муртаттӕгтӕм дӕр сидтӕн Хуыцауы раз сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнынмӕ ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесойыл ӕууӕндынмӕ.


Ӕрмӕст мын Сыгъдӕг Уд алы сахары дӕр раргом кӕны, ахӕстон ӕмӕ мӕм хъизӕмӕрттӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, уый.


Фӕлӕ мӕнмӕ ницы кӕсы мӕ цард, ӕрмӕст бӕллын мӕ фӕндагыл кӕронмӕ ацӕуынмӕ ӕмӕ мын Бардарӕг Йесо цы куыст бафӕдзӕхста, уый кӕронмӕ фӕуынмӕ — Хуыцауы хорзӕхы тыххӕй Фарны Уац адӕммӕ фӕхӕццӕ кӕнынмӕ.


Цы федтам ӕмӕ цы фехъуыстам, уый тыххӕй нын ӕнӕ дзургӕ нӕй».


Савлӕн йӕ ныхас кодта тыхджынӕй-тыхджындӕр, ӕмӕ-иу дамаскаг иудейӕгтӕ фӕуыргъуыйау сты, Йесо Чырысти кӕй у, уый тыххӕй-иу сын куы дзырдта, уӕд.


Ӕз, Силуан ӕмӕ Тимофей сымахӕн Кӕй тыххӕй дзырдтам, Хуыцауы уыцы Фырт Йесо Чырысти уыцы иу рӕстӕг «о» ӕмӕ «нӕ» нӕ уыди, фӕлӕ ӕрмӕст «о» у.


Хъуаг цӕмӕй ӕййӕфтон, уымӕй мын баххуыс кодтой Македонийӕ ӕрцӕуӕг ӕфсымӕртӕ. Ӕз уӕ никуы батыхсын кодтон ӕмӕ уӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕр нӕ батыхсын кӕндзынӕн.


Кӕд иу амарди ӕппӕт адӕмы сӕрвӕлтау, уӕд иууылдӕр амардысты — мах уый куы бамбӕрстам, уӕдӕй фӕстӕмӕ Чырыстийы уарзт немӕ ис.


Сӕ иумӕ дӕр ӕхсайы мӕ зӕрдӕ ӕмӕ иннӕмӕ дӕр: фӕнды мӕ ацы дунейӕ ацӕуын ӕмӕ Чырыстиимӕ цӕрын — уый бирӕ хуыздӕр у.


Чырыстийы тыххӕй Фарны Уац хъусын кӕныны хъуыддаджы Хуыцауӕн немӕ чи кусы, нӕ уыцы ӕфсымӕр Тимофейы та арвыстам уӕ барӕвдауынмӕ ӕмӕ уӕ уырнындзинад сфидар кӕнынмӕ,


Ныр Тимофей ӕрцыд сымахӕй ӕмӕ нӕм ӕрхаста хорз хабар уӕ уырнындзинад ӕмӕ уӕ уарзты тыххӕй; загъта нын, ӕдзух уӕ зӕрдыл кӕй лӕууӕм ӕмӕ, мах сымах фендмӕ куыд бӕллӕм, сымах дӕр мах фендмӕ афтӕ кӕй бӕллут.


Ацы цыбыр фыстӕг уӕм ныффыстон, иузӕрдионыл кӕй нымайын, уыцы ӕфсымӕр Силуаны ӕххуысӕй. Фӕнды мӕ сымах фӕныфсджын кӕнын, цы хорзӕхы фӕдыл фыссын, уый Хуыцауы ӕцӕг хорзӕх кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн ныллӕууын. Фидар хӕцут уыцы хорзӕхыл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan