23 Иу цасдӕр дзы куы фӕци, уӕд араст ӕмӕ ӕрзылди Галати ӕмӕ Фригийы бӕстӕтыл, йӕ фӕндагыл фидар кодта ӕппӕт ахуыргӕнинӕгты уырнындзинад.
Кувӕндонӕн алыхуызон мысайнӕгтӕй уӕлӕмӕ ма сын сӕ сыхӕгтӕ лӕвӕрдтой ӕвзист мигӕнӕнтӕ, сыгъзӕрин, мулк ӕмӕ хайуантӕ.
Мидиаг Дарий фыццаг аз хицауиуӕг куы кодта, уӕд та йӕм ӕз ӕрцыдтӕн ӕххуысмӕ.
Уымӕ гӕсгӕ ӕз дӕр, цытджын Феофил, сфӕнд кодтон ӕппӕт хабӕрттӕ кӕронмӕ лыстӕг равзарын ӕмӕ дӕм сӕ фӕд-фӕдыл бӕстон ныффыссын,
Фӕлӕ Ӕз куывтон дӕу тыххӕй, цӕмӕй дӕ уырнындзинад ма слӕмӕгъ уа. Ӕппӕт зӕрдӕйӕ Мӕм куы раздӕхай, уӕд-иу сфидар кӕн де ’фсымӕрты уырнындзинад».
Уӕд Ӕм уӕларвӕй ӕрцыди зӕд ӕмӕ Йӕ удвидар кодта.
Алы ран дӕр ныфс бауагътой ахуыргӕнинӕгты, фӕдзӕхстой сын, цӕмӕй уырнындзинадыл фидар хӕцой, ӕмӕ сын дзырдтой, Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуыны сӕраппонд мах бирӕ зынтӕ бавзарын хъӕуы, зӕгъгӕ.
Иудӕ ӕмӕ Силӕ сӕхӕдӕг пехуымпартӕ уыдысты, бирӕ фӕныхас кодтой ӕфсымӕртимӕ, бауагътой сӕ ныфс ӕмӕ сын бафтыдтой сӕ уырнындзинадыл.
Павел цыди Сири ӕмӕ Киликийыл ӕмӕ йӕ фӕндагыл фидар кодта аргъуантӕ.
Павел ӕмӕ Силӕ ахӕстонӕй ӕрцыдысты Лидиайы хӕдзармӕ. Уым фембӕлдысты ӕфсымӕртимӕ, ныфс сӕ бауагътой ӕмӕ араст сты дарддӕр.
Ахызтысты Фригийыл ӕмӕ Галатийы бӕстыл, уымӕн ӕмӕ сӕ Сыгъдӕг Уд нӕ бауагъта Хуыцауы ныхас Азийы провинцийы амонын.
Аполлос Коринфы куы уыд, уыцы рӕстӕг Павел ахызти хӕхбӕстӕтыл ӕмӕ ӕрцыд Эфесмӕ. Уым фембӕлд цалдӕр ахуыргӕнинагыл
Фриги ӕмӕ Памфилийы, Мысыр ӕмӕ Ливийы, Киренӕйы алфамбылай цӕрджытӕ, ромӕгтӕ,
Ныр та сыгъдӕджытӕн ӕххуысы тыххӕй. Сымах хъуамӕ бакӕнат, ӕз Галатийы аргъуантӕн куыд бафӕдзӕхстон, афтӕ.
стӕй, мемӕ чи ис, ӕппӕт уыцы ӕфсымӕртӕй Галатийы аргъуантӕм.
Раздӕр цы дзырдтам, уый зӕгъын ныр дӕр: махӕй цы Фарны Уац фехъуыстат, уымӕй фӕстӕмӕ уын ӕндӕр Фарны Уац чи хъусын кӕны, уый ӕлгъыст фӕуӕд.
Ӕмӕ мӕ рынчын кӕд сымахӕн фӕлварӕн уыди, уӕддӕр мӕ ницыйыл нӕ банымадтат, ӕнӕввӕрсон мыл нӕ уыдыстут, фӕлӕ мыл баузӕлыдыстут, цыма уын Хуыцауы зӕд кӕнӕ Йесо Чырысти уыдтӕн, афтӕ.
Йешуайӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй фидар лӕууа ӕмӕ ма фӕцуда; ацы адӕмы разӕй уый ацӕудзӕн ӕмӕ, ды дардӕй кӕй фендзынӕ, уыцы зӕхх сын уый байуардзӕн“.
Чырыстийы тыххӕй Фарны Уац хъусын кӕныны хъуыддаджы Хуыцауӕн немӕ чи кусы, нӕ уыцы ӕфсымӕр Тимофейы та арвыстам уӕ барӕвдауынмӕ ӕмӕ уӕ уырнындзинад сфидар кӕнынмӕ,
Уыцы ныхӕстӕй рӕвдаут уӕ кӕрӕдзи.
Ноджы ма уын лӕгъстӕ кӕнӕм, ӕфсымӕртӕ: магусатӕн амонут зонд, ныфс уадзут ӕнӕныфсыты, ӕххуыс кӕнут лӕмӕгътӕн, быхсут алкӕмӕн дӕр.