Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 18:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Павел йӕ дзых дӕр нӕма байгом кодта, афтӕ Галлион иудейӕгтӕн загъта: «Иудейӕгтӕ, исты фыдбылыз кӕнӕ фыдракӕнд куы ӕрцыдаид, уӕд мын ӕфсон уыдаид сымахмӕ байхъусынӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 18:14
17 Iomraidhean Croise  

ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнын райдыдта:


Йесо дзуапп радта: «Ӕнӕуырнӕг фӕлтӕр! Цас ма уыдзынӕн уемӕ? Кӕдмӕ ма уын быхсдзынӕн? Ӕрбакӕнут Мӕм ӕй».


ӕмӕ загъта: «О хӕйрӕджы лӕппын, фӕлитой ӕмӕ налат, рӕстдзинады знаг! Бардарӕджы раст фӕндӕгтӕй адӕмы галиумӕ здахыны куыст искуы ныууадздзынӕ ӕви нӕ?


Дыууиссӕдз азы дӕргъы сын быхста ӕдзӕрӕг быдыры.


Павел дзуапп радта: «Ӕз иудейаг дӕн, киликиаг зындгонд сахар Тарсы гражданин. Курын дӕ, ратт мын адӕмимӕ ныхас кӕныны бар».


Кӕд ӕз, амарыны аккаг цы у, ахӕмӕй исты ракодтон, уӕд цӕттӕ дӕн мӕлӕтмӕ. Фӕлӕ кӕд, азымджын мӕ цӕмӕй кӕнынц, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрымысгӕ сты, уӕд мӕн сӕ къухмӕ раттын никӕй бон у. Ӕз домын кесӕры тӕрхон».


Кесӕрмӕ ацы адӕймаджы тыххӕй бӕлвырдӕй цы ныффыссон, ахӕмӕй мӕм ницы ис. Ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ ӕрлӕууын кодтон уӕ разы, уӕлдайдӕр та дӕ разы, паддзах Агриппӕ, цӕмӕй хъуыддагмӕ ӕркӕсыны фӕстӕ зонон, цы ныффыссын хъӕуы, уый.


Хицӕуттӕй тӕссаг у, хорз хъуыддӕгтӕ чи аразы, уыдонӕн нӕ, фӕлӕ, ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи аразы, уыдонӕн. Фӕнды дӕ, цӕмӕй хицауадӕй ма тӕрсай, уый? Араз хорз хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ дӕ хицауад разы уыдзӕн.


Кӕд иу чысыл ӕдылыгомау дӕн, уӕддӕр мын уӕд та куы бабыхсиккат! Уӕ хорзӕхӕй, бабыхсут!


Уымӕн ӕмӕ уӕм исчи куы ӕрцӕуы, уӕд ын фӕдӕттут, мах уын Кӕй тыххӕй нӕ дзырдтам, ахӕм ӕндӕр Йесойы тыххӕй дзурыны бар; ӕнӕзивӕгӕй райсут, раздӕр кӕй нӕ райстат, ахӕм мон ӕмӕ тынг хорз фӕхъусут, раздӕр кӕй нӕ фехъуыстат, ахӕм Фарны Уацмӕ.


Уымӕн йӕ бон у ӕнӕмбаргӕты дӕр ӕмӕ фӕдзӕгъӕлуӕвджыты дӕр бамбарын, уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр лӕмӕгъ у.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan