Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 17:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Йасон сӕ суазӕг кодта. Уыдон халынц кесӕры уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ дзурынц, зӕгъгӕ, ис ӕндӕр паддзах — Йесо».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 17:7
12 Iomraidhean Croise  

Уӕдӕ Вавилоны хъуыддӕгтӕ кӕмӕн бабар кодтай, уыцы дзуттӕгтӕ, Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Него, дӕу, паддзах, ницӕмӕ дарынц! Дӕ хуыцӕуттӕн дын табу нӕ кӕнынц, стӕй, кӕй саразын кодтай, уыцы сыгъзӕрин гуымирымӕ нӕ кувынц ӕмӕ йын нӕ лӕггад кӕнынц».


Уыдон Дарийӕн загътой: «Паддзах, Иудейы бӕстӕй кӕй ӕрбакодтой, уыцы адӕмӕй иу, Даниил, дӕхи дӕр ӕмӕ дын дӕ бардзырд дӕр ницӕмӕ дары, бон ӕртӕ хатты кувы йӕ Хуыцаумӕ».


Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ дарддӕр Йӕ фӕндаг кодта ӕмӕ иу хъӕумӕ бафтыди. Уым Ӕй, Марфӕ, зӕгъгӕ, иу сылгоймаг йӕ хӕдзармӕ бахуыдта.


Уым Ӕй райдыдтой аххосджын кӕнын: «Мах сбӕлвырд кодтам, ацы адӕймаг нын адӕмы кӕй халы, уый. Кесӕрӕн хъалон фидын нӕ уадзы ӕмӕ Йӕхи хоны Чырысти, ома Паддзах».


Уӕдӕй фӕстӕмӕ Пилат архайдта Йӕ рауадзыныл. Иудейӕгтӕ та хъӕр кодтой: «Куы Йӕ рауадзай, уӕд кесӕры лымӕн нӕ дӕ. Йӕхицӕй паддзах чидӕриддӕр аразы, уый кесӕры знаг у».


Хӕлиу кӕнынц, махӕн, ромӕгтӕн, сӕрмӕхӕссинаг чи нӕу ӕмӕ нын ӕххӕст кӕнын кӕй не ’мбӕлы, ахӕм ӕгъдӕуттӕ».


Уӕд иудейӕгтӕ сӕ фыр хӕлӕгӕй, сахары фӕзы ӕнаккаг адӕмӕй чи уыд, уыдонӕй цалдӕры семӕ райстой ӕмӕ ӕгас сахар сызмӕстой. Балӕбурдтой Йасоны хӕдзармӕ ӕмӕ хъавыдысты Павел ӕмӕ Силӕйы адӕмы размӕ ракӕнын.


Афтӕмӕй сызнӕт кодтой, чи сӕм хъуыста, уыцы адӕмы ӕмӕ сахары хицӕутты.


Афтӕ, хӕтаг сылгоймаг Рахав дӕр сгарджыты куы суазӕг кодта ӕмӕ сӕ ӕдас фӕндагыл куы арвыста, уӕд ӕй Хуыцау йӕ хъуыддӕгты фӕрцы не сраст кодта, ӕви?


Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы афтӕ фӕнды, цӕмӕй уӕ хорз хъуыддӕгтӕй кӕрон сӕвӕрат ӕнӕзонд адӕмы ӕнӕфенд ныхӕстӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan