Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 17:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Уыдон Павелы ахуыдтой Ареопагмӕ ӕмӕ йын дзырдтой: «Ды цы ног ахуырад амоныс, уый базонын нӕ бон у?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 17:19
12 Iomraidhean Croise  

Хъалагъур сын дзуапп дӕтты: «Сӕумӕрайсом у, фӕлӕ ӕхсӕв нӕма фӕци. Кӕд ма уӕ ноджы бафӕрсын фӕнды, уӕд-иу ӕрбацӕут ногӕй ӕмӕ фӕрсгӕ кӕнут».


Мӕн тыххӕй уӕ хицӕуттӕм ӕмӕ паддзӕхтӕм кӕндзысты, цӕмӕй Мын уыдон ӕмӕ муртаттӕгты раз уат ӕвдисӕнтӕ.


Адӕм иууылдӕр дисы бафтыдысты ӕмӕ кӕрӕдзийы фарстой: «Уый цы уа? Уый цавӕр ног ахуырад у? Барджынӕй куы дзуры, ӕмӕ Йын ӕнӕзӕгъинӕгтӕ дӕр Йӕ бардзырд куы ӕххӕст кӕнынц».


Дӕттын уын ног фӕдзӕхст: уарзут кӕрӕдзийы. Ӕз уӕ куыд уарзын, афтӕ сымах дӕр кӕрӕдзийы уарзут.


Дӕуӕй цыдӕр ӕнахуыр диссаг хъусӕм, ӕмӕ цы у, уый базонын нӕ фӕнды».


Павел слӕууыд Ареопагы астӕу ӕмӕ загъта: «Афинӕгтӕ, ӕз уынын: сымах тынг диныл хӕст адӕм стут.


Фӕлӕ дзы иуӕй-иутӕ баиу сты Павелимӕ ӕмӕ баууӕндыдысты; уыдонимӕ уыдысты Ареопагы уӕнг Дионисий, стӕй, Дамар чи хуынди, уыцы сылгоймаг ӕмӕ иннӕтӕ.


Ӕфсӕддон хицау ныххӕцыд лӕппуйы къухыл, фӕхибар ӕй кодта ӕмӕ йӕ бафарста: «Цы зӕгъинаг мын дӕ?»


Цалдӕр боны фӕстӕ Феликс ӕрбацыд йӕ ус Друзиллӕимӕ (уый уыди дзуттаг). Феликс ӕрбакӕнын кодта Павелы ӕмӕ хъуыста, Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны тыххӕй цы дзырдта, уымӕ.


Агриппӕ загъта Фестӕн: «Мӕн дӕр фӕнды уыцы адӕймагмӕ байхъусын». Фест дзуапп радта: «Тӕккӕ райсом ӕм байхъусдзынӕ».


Агриппӕ загъта Павелӕн: «Ис дын дӕхи сраст кӕныны тыххӕй дзурыны бар». Уӕд Павел йӕ къух размӕ радардта ӕмӕ райдыдта йӕхи раст кӕнын:


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan