Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 17:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Эпикурион ӕмӕ стоикон философтӕй иуӕй-иутӕ райдыдтой йемӕ быцӕу кӕнын. Сӕ иутӕ дзырдтой: «Цы зӕгъынмӕ хъавы уыцы дзӕгъӕлдзых?» Иннӕтӕ та: «Ӕнхъӕлдӕн, уый ӕцӕгӕлон хуыцӕуттыл ӕууӕндын кӕны». Уымӕн ӕмӕ сын Павел дзырдта Фарны Уац Йесойы тыххӕй ӕмӕ сын кодта мӕрдтӕй райгасы кой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 17:18
16 Iomraidhean Croise  

Зондцухӕн мацы дзур — дӕ зондджын ныхӕстыл дын ӕрмӕст фӕхуддзӕнис.


Искуы, йӕхимӕ куырыхон чи кӕсы, ахӕм адӕймагыл сӕмбӕлдтӕ? Зондцухыл дӕр ма зӕрдӕ дарӕн фылдӕр ис.


Иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕм куы ӕрыздӕхтысты, уӕд сын сӕ алыварс ӕрӕййӕфтой бирӕ адӕм, стӕй динамонджыты — семӕ цӕуылдӕр быцӕу кодтой.


Йесо уырдыгӕй куы ацыд, уӕд динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ райдыдтой Йӕ ныхмӕ дзурын ӕмӕ Йӕ фӕрстыты бын ныккодтой —


Ома Чырысти фӕхъизӕмар кӕндзӕн, мӕрдтӕй фыццаг Уый райгас уыдзӕн, ӕрхӕсдзӕн рухс иудейаг адӕмӕн ӕмӕ муртаттӕгтӕн».


Мӕстӕй мардысты апостолтӕм, уымӕн ӕмӕ уыдон адӕмы ахуыр кодтой ӕмӕ дзырдтой, Йесо куыд райгас ис, мӕрдтӕ дӕр афтӕ райгас уыдзысты, зӕгъгӕ.


Алы бон дӕр Кувӕндоны ӕмӕ хӕдзари-хӕдзар иудадзыг амыдтой адӕмӕн ӕмӕ хъусын кодтой Йесо Чырыстийы Фарны Уац.


Цавӕрдӕр киренӕгтӕ ӕмӕ александриӕгтӕ сӕрибар райсджыты Синагогӕ кӕй хуыдтой, уырдӕм цӕуджытӕ, стӕй ма Килики ӕмӕ Асийӕ чидӕртӕ быцӕу кӕнын райдыдтой Стефанимӕ.


Сӕхи зондджынтӕ хонынц, фӕлӕ сӕ зонд фӕцыди,


Йӕхи уӕ мачи сайӕд. Кӕд сымахӕй искӕмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ ацы дунейы зондджын у, уӕд суӕд «ӕдылы», ӕмӕ ӕцӕгӕй уыдзӕни зондджын.


Мах ӕнӕзонд стӕм Чырыстийы сӕраппонд, сымах та зондджын чырыстӕттӕ стут; мах ӕдых стӕм, сымах — тыхджын; сымах кадджын стут, мах — ӕгад.


Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ мачи асайа ӕнӕпайда ӕмӕ гӕдыбыд ахуырӕдтӕй. Уыдонӕн сӕ бындур Чырысти нӕу, фӕлӕ дунейы ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ адӕмы таурӕгътӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan