Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 17:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Павел сӕм ӕнхъӕлмӕ каст Афинты ӕмӕ фыхти фыр мӕстӕй, уымӕн ӕмӕ уыдта, сахар гуымирытӕй йемыдзаг кӕй уыд, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 17:16
20 Iomraidhean Croise  

Уый Йын дзуапп радта: «Ӕз Дунедарӕджы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы сӕраппонд удуӕлдай куыст кодтон, фӕлӕ Израилы адӕм, семӕ цы фидыд сарӕзтай, уый фехӕлдтой, ныппырх Дын кодтой Дӕ нывондхӕссӕнтӕ, Дӕ пехуымпарты Дын карды амӕттаг бакодтой. Иунӕг ӕз ма дзы баззадтӕн, ӕмӕ мӕ фӕдыл дӕр бафтыдысты, марынвӕнд мӕ скодтой».


Уый Йын дзуапп радта: «Ӕз Дунедарӕджы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы сӕраппонд, удуӕлдай куыст кодтон, фӕлӕ Израилы адӕм фехӕлдтой, семӕ цы фидыд сарӕзтай, уый, ныппырх Дын кодтой Дӕ нывондхӕссӕнтӕ, Дӕ пехуымпарты та Дын карды амӕттаг бакодтой. Иунӕгӕй баззадтӕн, ӕмӕ мӕ фӕдыл дӕр бафтыдысты, марынвӕнд мӕ скодтой».


Ӕз загътон: «Сӕ зӕрдыл сын Ӕй нал ӕрлӕууын кӕндзынӕн, нырӕй фӕстӕмӕ Йӕ номы сӕраппонд нал дзурдзынӕн!» Фӕлӕ цыма мӕ зӕрдӕйы арт ссыгъд ӕмӕ ме стджыты мидӕг ахст уыди, уыйау сфӕлмӕцыдтӕн, мӕ бон ӕй бауромын нал уыд.


Ӕз та дзаг дӕн Дунедарӕджы Уды хъаруйӕ, рӕстдзинад ӕмӕ ӕхсарӕй, цӕмӕй Йаковӕн, йӕ азым цӕй мидӕг ис, уый зӕгъон ӕмӕ Израилӕн бамбарын кӕнон йӕ тӕригъӕд.


Йесо сыл тызмӕгӕй Йӕ цӕст ахаста, дурзӕрдӕ кӕй сты, ууыл хъыггӕнгӕйӕ. Ӕмӕ загъта цӕнкуылӕн: «Дӕ къух-ма ӕрбадар». Уый йӕ къух бадардта, ӕмӕ йын адзӕбӕх ис.


Ӕрӕввахс ис иудейаг Куадзӕн, ӕмӕ Йесо ацыди Йерусалиммӕ.


Павелимӕ чи рацыд, уыдон ӕй бахӕццӕ кодтой Афинтӕм ӕмӕ фӕстӕмӕ раздӕхтысты. Павел сын Силӕ ӕмӕ Тимофейы тыххӕй бафӕдзӕхста, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй мӕм ӕвӕстиатӕй рацӕуӕнт, зӕгъгӕ.


Афинӕгтӕ ӕмӕ уым цӕрӕг фӕсарӕйнӕгтӕ сӕ рӕстӕг хуыздӕрӕн ӕрвыстой исты ног хабӕрттӕ дзургӕйӕ кӕнӕ сӕм хъусгӕйӕ.


Ӕз зылдтӕн сахарыл ӕмӕ уын федтон уӕ кувӕндӕттӕ. Нывондхӕссӕнтӕй иуыл фыст уыдис афтӕ: „Ӕнӕзонгӕ Хуыцауӕн“. Уӕдӕ, нӕ Йӕ зонут, афтӕмӕй Кӕмӕ кувут, ӕз уын Уый тыххӕй дзурын.


Уый фӕстӕ Павел ныууагъта Афинтӕ ӕмӕ араст ис Коринфмӕ.


Ныр та мӕ Сыгъдӕг Уд ӕрвиты Йерусалиммӕ, ӕмӕ мыл уым цы ’рцӕудзӕни, уый нӕ зонын.


Ӕнхъӕлмӕ кӕсын нӕ бон кӕй нал уыди, уымӕ гӕсгӕ бауынаффӕ кодтам, цӕмӕй нӕхӕдӕг баззайӕм Афинты,


хӕлд адӕмы ӕлгъаг цардӕй чи сфӕлмӕцыд, уыцы рӕстгӕнӕг Лоты та фервӕзын кодта,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan