14 Уӕд ӕфсымӕртӕ Павелы ӕвӕстиатӕй арвыстой денджызмӕ, Силӕ ӕмӕ Тимофей та уым баззадысты.
Иу сахары уӕ куы ӕфхӕрой, уӕд-иу лидзут иннӕмӕ. Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Израилы сахартыл зылд нӕма фӕуыдзыстут, афтӕ Адӕймаджы Фырт ӕрцӕудзӕн.
Уыцы бонты Петр ӕрлӕууыд ӕфсымӕрты раз
Уӕд апостолтӕ ӕмӕ хистӕртӕ ӕппӕт аргъуанимӕ сфӕнд кодтой аргъуанӕй цалдӕр лӕджы сӕвзарын ӕмӕ сӕ Павелимӕ ӕмӕ Варнавӕимӕ Антиохимӕ арвитын. Ӕмӕ сӕрмагондӕй равзӕрстой, Варсавӕ дӕр ма кӕй хуыдтой, уыцы Иудӕйы, стӕй Силӕйы — ӕфсымӕрты ӕхсӕн дзырддзӕугӕдӕрты.
Павел бахӕццӕ Дервимӕ ӕмӕ Листрӕмӕ. Уым царди иу ахуыргӕнинаг, йӕ ном — Тимофей. Йӕ мад уыди иудейаг — чырыстон сылгоймаг, йӕ фыд та — муртаттаг.
Ӕфсымӕртӕ Павел ӕмӕ Силӕйы ӕхсӕвы ӕвӕстиатӕй арвыстой Веримӕ. Уырдӕм куы бахӕццӕ сты, уӕд бацыдысты иудейаг синагогӕмӕ.
Павелимӕ чи рацыд, уыдон ӕй бахӕццӕ кодтой Афинтӕм ӕмӕ фӕстӕмӕ раздӕхтысты. Павел сын Силӕ ӕмӕ Тимофейы тыххӕй бафӕдзӕхста, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй мӕм ӕвӕстиатӕй рацӕуӕнт, зӕгъгӕ.
Уыдонӕй иуӕй-иутӕ баууӕндыдысты ӕмӕ баиу сты Павел ӕмӕ Силӕимӕ. Семӕ ма баууӕндыдысты, Хуыцауы чи нымадта, уыцы муртаттӕгтӕй тынг бирӕ, стӕй кадджын сылгоймӕгтӕй дзӕвгар.
Куынӕ сӕ ссардтой, уӕд Йасоны ӕмӕ ӕфсымӕртӕй цалдӕры лӕгдыхӕй акодтой сахары хицӕуттӕм. Уыдон хъӕр систой: «Ацы адӕм ӕгас дуне сызмӕстой, ныр та ардӕм ӕрбацыдысты.
Силӕ ӕмӕ Тимофей Македонийӕ куы ӕрцыдысты, уӕд Павел йӕ рӕстӕг иууылдӕр бахардз кодта Хуыцауы ныхас амоныныл — иудейӕгты ӕууӕндын кодта, Йесо Хуыцауы Байсӕрст кӕй у, ууыл.
Йӕ ӕххуысгӕнджытӕй дыууӕйы, Тимофей ӕмӕ Эрасты, арвыста Македонимӕ, йӕхӕдӕг та рӕстӕгмӕ баззад Азийы.
Уым фӕци ӕртӕ мӕйы. Уырдыгӕй Сиримӕ науы ацӕуынмӕ куы хъавыд, уӕд иудейӕгтӕ йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд скодтой, ӕмӕ, уый базонгӕйӕ, Македонийыл аздӕхын сфӕнд кодта.
Фӕлӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Савлы ӕхсӕвыгон тӕсчъы къулыл ӕруагътой.
Ӕфсымӕртӕ уый куы базыдтой, уӕд ӕй акодтой Кесаримӕ ӕмӕ йӕ уырдыгӕй арвыстой Тарсмӕ.
Македонимӕ куы цыдтӕн, уӕд дӕм ӕрхатыдтӕн, цӕмӕй Эфесы баззайай ӕмӕ дзы иуӕй-иутӕн бафӕдзӕхсай, цӕмӕй мауал хӕлиу кӕной дзыллӕйы ӕхсӕн мӕнг ахуырӕдтӕ
Криты дӕ уый тыххӕй ныууагътон, цӕмӕй куыст ахӕццӕ кӕнай кӕронмӕ ӕмӕ алы сахары аргъуанӕн дӕр сӕвӕрай, ӕз дын куыд бафӕдзӕхстон, ахӕм хистӕртӕ:
Загъта сын: «Хӕхтӕм уал уӕхи айсут, фӕдисӕттӕ уыл куыннӕ амбӕлой, афтӕ ӕмӕ уым ӕртӕ боны дӕргъы ӕмбӕхстӕй абадут, цалынмӕ адон фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхой, уӕдмӕ, стӕй уӕхионтӕм ацӕудзыстут».