Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 17:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Павел Хуыцауы Дзырд Верийы дӕр кӕй хъусын кӕны, уый фессалоникаг иудейӕгтӕ куы базыдтой, уӕд ӕрбацыдысты уырдӕм дӕр, райдыдтой адӕмы ардауын ӕмӕ сӕ знӕт кӕнын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 17:13
14 Iomraidhean Croise  

Ахавы хуызӕн, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы митӕ уыдысты, уыдоныл никуыма ничи бафтыд, уыдӕттыл ӕй ардаугӕ та кодта йӕ ус Иезавел.


Мӕстыгӕр хъаугъатӕ тауы, фӕразон загъд басабыр кӕны.


Кӕрӕф адӕймаг загъд къахы, Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уый та — фӕрнӕйдзаг.


Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, дыдзӕсгӕмттӕ! Адӕмӕн Уӕларвон Паддзахады дуар ӕхгӕнут; уӕхӕдӕг дӕр ӕм нӕ цӕут ӕмӕ йӕм бацӕуын кӕй фӕнды, уыдоны дӕр нӕ уадзут.


Сымах афтӕ ӕнхъӕл стут, ӕмӕ Ӕз зӕхмӕ фидыд ӕрхӕссынмӕ ӕрцыдтӕн? Зӕгъын уын: фидыд ӕрхӕссынмӕ нӕ, фӕлӕ адӕмы фӕхицӕн кӕнынмӕ.


Хуыцауы Дзырдӕн чи нӕ басаст, уыцы иудейӕгтӕ та сызмӕстой муртаттӕгты ӕмӕ сӕ сардыдтой ӕфсымӕрты ныхмӕ.


Павел ӕмӕ Силӕ ахызтысты Амфипол ӕмӕ Аполлонийыл, ӕрцыдысты Фессалоникӕмӕ. Ам уыдис иудейаг синагогӕ.


Ӕфсымӕртӕ Павел ӕмӕ Силӕйы ӕхсӕвы ӕвӕстиатӕй арвыстой Веримӕ. Уырдӕм куы бахӕццӕ сты, уӕд бацыдысты иудейаг синагогӕмӕ.


Уӕд иудейӕгтӕ сӕ фыр хӕлӕгӕй, сахары фӕзы ӕнаккаг адӕмӕй чи уыд, уыдонӕй цалдӕры семӕ райстой ӕмӕ ӕгас сахар сызмӕстой. Балӕбурдтой Йасоны хӕдзармӕ ӕмӕ хъавыдысты Павел ӕмӕ Силӕйы адӕмы размӕ ракӕнын.


Павелимӕ [Асимӕ] уыдысты вериаг Сопатр — Пирры фырт, фессалоникӕгтӕ Аристарх ӕмӕ Секунд, дервиаг Гайос ӕмӕ Тимофей, стӕй асиӕгтӕ Тихик ӕмӕ Трофим.


Уыцы авд боны куы фӕуд кодтой, уӕд асиаг иудейӕгтӕ Павелы федтой Кувӕндоны, сардыдтой йыл ӕппӕт адӕмы ӕмӕ йӕ ӕрцахстой.


Афтӕмӕй сызмӕстой адӕмы, хистӕрты ӕмӕ динамонджыты, ӕмӕ уыдон балӕбурдтой, ӕрцахстой Стефаны ӕмӕ йӕ акодтой синедрионмӕ.


Ӕдзух фӕндагыл дӕн, ӕдзух — тӕссаг уавӕрты: донивылд, абырджытӕ, ме ’мбӕстӕгтӕ, муртаттӕгтӕ. Уыимӕ ма ноджы алы фыдбылызтӕ: сахары, цӕуӕг кӕм нӕй, ахӕм рӕтты, денджызы, мӕнгӕфсымӕрты къухӕй…


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan