Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 16:40 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

40 Павел ӕмӕ Силӕ ахӕстонӕй ӕрцыдысты Лидиайы хӕдзармӕ. Уым фембӕлдысты ӕфсымӕртимӕ, ныфс сӕ бауагътой ӕмӕ араст сты дарддӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 16:40
10 Iomraidhean Croise  

Уыцы бонты Петр ӕрлӕууыд ӕфсымӕрты раз


Алы ран дӕр ныфс бауагътой ахуыргӕнинӕгты, фӕдзӕхстой сын, цӕмӕй уырнындзинадыл фидар хӕцой, ӕмӕ сын дзырдтой, Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуыны сӕраппонд мах бирӕ зынтӕ бавзарын хъӕуы, зӕгъгӕ.


Ӕмӕ Фиатирӕйы сахарӕй иу сылгоймаг, Хуыцауӕн аргъуыц чи кодта, ахӕм, йӕ ном — Лидиа, сӕнт сырх хъуымац уӕйгӕнӕг, хъуыста ныхасмӕ. Бардарӕг ын байгом кодта йӕ зӕрдӕ, ӕмӕ йӕм Павелы ныхӕстӕ тынг бахъардтой.


Листрӕйы ӕмӕ Иконийы Тимофейӕ тынг ӕппӕлыдысты ӕфсымӕртӕ.


Петр ӕмӕ Иоанны куы рауагътой, уӕд уыдон ӕрцыдысты сӕхионтӕм ӕмӕ радзырдтой, алчертӕ ӕмӕ сын адӕмы хистӕртӕ цы загътой, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan