Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 15:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Ӕмӕ зӕрдӕзонӕг Хуыцау муртаттӕгтыл кӕй ауды, уый равдыста, уыдонӕн дӕр махау Сыгъдӕг Уд кӕй балӕвар кодта, уымӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 15:8
23 Iomraidhean Croise  

фехъус-иу ӕй уӕларвӕй, Дӕ цӕрӕнбынатӕй, ӕмӕ-иу ныббар Дӕ адӕмы азым! Алкӕмӕн дӕр-иу йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕн, уымӕн ӕмӕ Ды зоныс, йӕ зӕрдӕйы кӕмӕн цы ис, уый, ӕрмӕстдӕр Ды зоныс адӕмы зӕрдӕтӕ.


Ды дӕр, мӕ хъӕбул Соломон, зон дӕ фыды Хуыцауы ӕмӕ Йын кус зӕрдиагӕй, удуӕлдайӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыны алкӕй мидзӕрдӕ, зоны алы фӕнд. Куы Йӕ агурай, уӕд дын раргом кӕндзӕн Йӕхи, намӕ Йыл куы сыстырзӕрдӕ уай, уӕд та дыл бахъоды кӕндзӕни мыггагмӕ.


Зонын, мӕ Хуыцау, Ды уыныс адӕмы зӕрдӕтӕ ӕмӕ уарзыс сыгъдӕгзӕрдӕты. Ӕз Дын мӕ сыгъдӕг зӕрдӕйӕ рауӕлдай кодтон ӕппӕт адон. Зӕрдӕрайгӕйӕ федтон, ам Дын цы адӕм ис, уыдон Дын сӕ мысайнӕгтӕ зӕрдиагӕй куыд дӕттынц, уый дӕр.


Фӕлӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг раст тӕрхон кӕны, уд ӕмӕ зӕрдӕ фӕлвары. Уадз ӕмӕ фенон, мӕ маст мын куыд райсдзынӕ, уый, уымӕн ӕмӕ мӕ хъуыддаг Дӕ бар бакодтон.


Ӕз, Дунедарӕг, адӕймаджы зӕрдӕ уынын, йӕ уд ын фӕлварын, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр йӕ митӕм ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафидон».


Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Ды рӕстгӕнӕджы фӕлварыс, уд ӕмӕ зӕрдӕ уыныс! Уадз ӕмӕ ӕз Дӕ мастисӕн тӕрхон фенон, Дӕ бар куы бакодтон мӕ хъуыддаг!


Ӕртыккаг хатт ӕй бафарста: «Иоанны фырт Симон, уарзыс Мӕ?» Ӕмӕ йӕ ӕртыккаг хатт, уарзыс Мӕ, зӕгъгӕ, кӕй бафарста, уый тыххӕй Петр фенкъард ис ӕмӕ Йын дзуапп радта: «Бардарӕг, Ды алцыдӕр зоныс. Ды зоныс, ӕз Дӕ кӕй уарзын, уый». Йесо йын загъта: «Хиз Мын Мӕ фысты.


Мӕ рарвитӕг Фыд Йӕхӕдӕг ӕвдисӕн лӕууы Мӕн тыххӕй. Сымах та Йын Йӕ хъӕлӕс дӕр никуы фехъуыстат ӕмӕ Йын Йӕ цӕсгом дӕр никуы федтат;


Ӕмӕ скуывтой: «Бардарӕг, Ды алкӕй зӕрдӕ дӕр зоныс. Равдис нын, сӕ дыууӕйӕ ацы лӕггадӕн кӕй равзӕрстай, уый,


«Уый кӕй бон бауыдзӕн, ӕмӕ, махау Сыгъдӕг Удӕй чи схайджын ис, уыдонӕн сӕ размӕ цӕлхдур сӕвӕра, цӕмӕй донӕй ма саргъауой?»


Павел ӕмӕ Варнавӕ уым фесты бирӕ рӕстӕг; ныфсджынӕй дзырдтой Бардарӕджы тыххӕй, ӕмӕ Йӕ хорзӕхы тыххӕй раст кӕй дзырдӕуыд, уый апостолты фӕрцы Бардарӕг ӕвдыста ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕй.


Сыгъдӕг Удимӕ иумӕ мах аскъуыддзаг кодтам ӕмӕ уыл ӕндӕр уаргъ нал ӕвӕрӕм, мӕнӕ ацы ахсджиагдӕртӕй фӕстӕмӕ:


Се ’ппӕт дӕр схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ райдыдтой алы ӕвзӕгтыл дзурын, Уд сӕ куыд арӕзта, афтӕ.


Куы скуывтой, уӕд, кӕм уыдысты, уыцы бынат нынкъуысти, се ’ппӕтыл дӕр Сыгъдӕг Уд ӕртыхсти, ӕмӕ ӕдӕрсгӕ хъусын кодтой Хуыцауы ныхас.


Уыцы уац ӕцӕг кӕй у, уый Хуыцау Йӕхӕдӕг сбӕлвырд кодта ӕвдисӕйнӕгтӕй, Йӕ хъомысыл дзурӕг алыхуызон хъуыддӕгтӕй, Сыгъдӕг Уд цы курдиӕттӕ дӕтты ӕмӕ Йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ кӕй бахай кодта, уыдонӕй.


Уымӕн сусӕг ницы ис дунесфӕлдысты. Мадард бӕгънӕгау гом у алцы Йӕ цӕсты раз, дзуапп Кӕмӕн дӕтдзыстӕм, Уымӕн.


Йӕ сывӕллӕтты дӕр ын амардзынӕн; уӕд ӕппӕт аргъуантӕ дӕр базондзысты, Ӕз адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ кӕй уынын, уый, ӕмӕ уӕ алкӕмӕн дӕр кӕй йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн.


Фӕлӕ Дунедарӕг Самуелӕн загъта: «Йӕ уынд ӕмӕ йын йӕ асмӕ ма кӕс, ауыл атигъ кодтон Мӕхи. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау адӕймаджы цӕстӕй нӕ кӕсы. Адӕймаг йӕ цӕстӕй цы уыны, уымӕ кӕсы, Дунедарӕг та — зӕрдӕмӕ».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan