34 [Фӕлӕ Силӕйы бафӕндыд уым баззайын.]
Уый фӕстӕ Варнавӕ ацыди Тарсмӕ — Савлы агурӕг. Ссардта йӕ ӕмӕ йемӕ акодта Антиохимӕ.
Уым фесты иу цасдӕр, стӕй сӕ ӕфсымӕртӕ фарнимӕ афӕндараст кодтой сӕ рарвитджытӕм.
Павел ӕмӕ Варнавӕ та баззадысты Антиохийы, бирӕ ӕндӕр ӕфсымӕртимӕ амыдтой адӕмӕн ӕмӕ хъусын кодтой Бардарӕджы ныхас.
Ахаймӕ цӕуыны фӕнд ӕм куы фӕзынд, уӕд ын ӕфсымӕртӕ баххуыс кодтой, стӕй ныффыстой ахуыргӕнинӕгтӕм, цӕмӕй йыл баузӕлой. Уырдӕм куы ӕрцыд, уӕд тынг ахъаз фӕци, Хуыцауы хорзӕхы руаджы чи баууӕндыд, уыдонӕн.
Ныр та не ’фсымӕр Аполлосы тыххӕй. Ӕз ӕм тынг ӕрхатыдтӕн, цӕмӕй ӕфсымӕртимӕ сымахмӕ ацӕуа, фӕлӕ йӕ ныртӕккӕ уый ницы хуызы бафӕндыд; фадат ын куы фӕуа, уӕд уӕм ацӕудзӕн.