Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 15:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Ныр Хуыцауы цӕмӕн къахут? Нӕдӕр нӕ фыдӕлтӕ, нӕдӕр мах кӕй нӕ бафӕрӕзтам хӕссын, уыцы ӕфсондз ахуыргӕнинӕгты ӕккой цӕмӕн ӕвӕрут?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 15:10
11 Iomraidhean Croise  

ӕмӕ уайдзӕфты бын фӕкодтой Моисейы, домдтой дзы: «Ӕри нын дон! Дойны нын у». Моисей сын афтӕ: «Цы мын уайдзӕфтӕ кӕнут? Цӕмӕн фӕлварут Дунедарӕджы?»


Ахаз загъта: «Нӕ ракурдзынӕн, Дунедарӕджы фӕлварын мӕ нӕ фӕнды».


Уӕззау, зынхӕссӕн уӕргътӕ бӕттынц ӕмӕ сӕ адӕмы ӕккой сӕвӕрынц, сӕхӕдӕг та сӕм сӕ ныхы кӕронӕй дӕр не ’вналынц.


Йесо йын загъта: «Афтӕ дӕр ма фыст ис: „Ма фӕлвар дӕ Хицау Хуыцауы“».


Петр ын загъта: «Бардарӕджы Уды бафӕлварын сфӕнд кодтат?! Дӕ мойы дын чи баныгӕдта, уыдон фӕстӕмӕ ӕрбацӕуынц ӕмӕ ныртӕккӕ дӕу дӕр ахӕсдзысты».


Ныр та, Хуыцауы куы базыдтат, растдӕр зӕгъгӕйӕ та, Хуыцау уӕ куы базыдта, уӕд ногӕй цӕмӕн здӕхут дунейы уыцы ӕдых ӕмӕ ницӕйаг ӕгъдӕуттӕм? Цӕмӕн уӕ фӕнды, ӕмӕ уыдонӕн ногӕй цагъартӕ уат?


Чырысти нӕ уый тыххӕй ссӕрибар кодта, цӕмӕй сӕрибар уӕм. Уӕдӕ фидар лӕуут ӕмӕ та ногӕй цагъарады ӕфсондзы бынмӕ ма бахаут.


Фӕлвӕрдтой Мӕ уым уӕ фыдӕлтӕ, фӕлтӕрдтой Мӕ, кӕд Мын дыууиссӕдз азы дӕргъы Мӕ хъуыддӕгтӕ уыдтой, уӕддӕр.


Уаз Цӕрӕн фӕсномыгӕй абонмӕ амоны: Хуыцауӕн цы хуынтӕ ӕмӕ нывӕндтӕ хӕссынц, уыдон се ’рхӕсджыты ӕфсармы тӕрхонӕй фервӕзын кӕнынӕн ницы ахъаз сты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan