6 Павел ӕмӕ Варнавӕ уый куы базыдтой, уӕд ацыдысты ликаониаг сахартӕ Листрӕ ӕмӕ Дервимӕ, стӕй сӕ алфамбылӕйттӕм.
Иу сахары уӕ куы ӕфхӕрой, уӕд-иу лидзут иннӕмӕ. Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Израилы сахартыл зылд нӕма фӕуыдзыстут, афтӕ Адӕймаджы Фырт ӕрцӕудзӕн.
Павел цы бакодта, уый адӕм куы федтой, уӕд ликаониагау хъӕр кӕнын райдыдтой: «Адӕймаджы хуызы нӕм хуыцӕуттӕ ӕрцыдысты!»
Листрӕйы царди, йӕ къӕхтӕ сахъат кӕмӕн уыдысты, иу ахӕм лӕг; ӕдзухдӕр бадгӕ кодта, цӕуынхъом никуы уыд, уымӕн ӕмӕ мады гуыбынӕй афтӕ рахаста.
Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Павел загъта Варнавӕйӕн: «Ацӕуӕм ӕмӕ, Бардарӕджы ныхас кӕдӕм ӕрхастам, ӕппӕт уыцы сахарты бабӕрӕг кӕнӕм не ’фсымӕрты, куыд цӕрынц, уый фенӕм».
Павелимӕ [Асимӕ] уыдысты вериаг Сопатр — Пирры фырт, фессалоникӕгтӕ Аристарх ӕмӕ Секунд, дервиаг Гайос ӕмӕ Тимофей, стӕй асиӕгтӕ Тихик ӕмӕ Трофим.
Фӕлӕ сын Савл базыдта сӕ сусӕгвӕнд. Йӕ амарыны тыххӕй ӕхсӕвӕй-бонӕй хъалагъур хастой сахары кулдуары раз.
Ды мемӕ бавзӕрстай, Антиохийы, Икони ӕмӕ Листрӕйы мӕ сӕр кӕй баййӕфта, уыцы ӕфхӕрд ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ. Цы фыдӕфхӕрд нӕ баййӕфтон! Ӕмӕ мӕ ӕппӕт уыдӕттӕй фервӕзын кодта Бардарӕг.