4 Сахары адӕм фӕдих сты: иутӕ иудейӕгты фарс уыдысты, иннӕтӕ та — апостолты.
Уымӕн ӕмӕ фырт худинаг кӕны йӕ фыды, чызг ралӕууы йӕ мады ныхмӕ, чындз — йе ’фсины ныхмӕ: адӕймагӕн йӕ хӕдзаронтӕ йе знӕгтӕ суыдзысты.
Симеон сӕ Хуыцауыл бафӕдзӕхста ӕмӕ Йесойы мад Мариайӕн загъта: «Ацы Сывӕллоны тыххӕй израилӕгтӕй бирӕтӕ дӕлӕмӕ ӕрхаудзысты ӕмӕ бирӕтӕ сбӕрзонд уыдзысты. Уый расайдзӕни быцӕутӕ,
Йесойы тыххӕй адӕммӕ иу хъуыды нал уыд.
Иу хатт уыдон Дунедарӕгӕн куы лӕггад кодтой ӕмӕ ком куы дардтой, уӕд сын Сыгъдӕг Уд загъта: «Цы хъуыддагӕн сӕ сӕвзӕрстон, уый саразынӕн Мын раттут Варнавӕ ӕмӕ Савлы».
Иудейӕгтӕ уый бӕрц адӕм куы федтой, уӕд фырхӕлӕгӕй фӕцӕйтыдтой; Павел цы загъта, уыдӕтты ныхмӕ дзырдтой ӕмӕ йӕ ӕлгъыстой.
Фӕлӕ иудейӕгтӕ сардыдтой дингӕнӕг уӕздан сылгоймӕгты, стӕй сахары хицӕутты. Павел ӕмӕ Варнавӕйы фӕдыл зилын райдыдтой, ӕмӕ сӕ уырдыгӕй ратардтой.
Фӕлӕ апостолтӕ Варнавӕ ӕмӕ Павел уый куы фехъуыстой, уӕд сӕ дарӕстӕ арӕдывтой фӕйнӕрдӕм, сӕхи баппӕрстой адӕммӕ ӕмӕ хъӕлӕсы дзагӕй дзырдтой:
Уӕд Антиохи ӕмӕ Иконийӕ ӕрцыдысты иудейӕгтӕ ӕмӕ адӕмы сардыдтой апостолты ныхмӕ. Павелыл ралӕууыдысты дурадзагъдӕй, ӕнхъӕл уыдысты, амарди, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ сыфцӕй ласӕгау фӕссахармӕ аластой.
Хуыцауы Дзырдӕн чи нӕ басаст, уыцы иудейӕгтӕ та сызмӕстой муртаттӕгты ӕмӕ сӕ сардыдтой ӕфсымӕрты ныхмӕ.
Муртаттӕгтӕ ӕмӕ иудейӕгтӕ сӕ хистӕртимӕ скодтой апостолты бафхӕрыны ӕмӕ сӕ дуртӕй амарыны фӕнд.
Фӕлӕ иуӕй-иутӕ хъӕддыхӕй ныхмӕ куы лӕууыдысты, куы не ’ууӕндыдысты ӕмӕ адӕмы раз ӕргом куы фаудтой Бардарӕджы фӕндаг, уӕд сӕ Павел ныууагъта, рахицӕн кодта ахуыргӕнинӕгты ӕмӕ ӕрвылбон семӕ ныхас кодта Тиранны скъолайы.
Иуты баууӕндын кодта йӕ ныхасӕй, иннӕты та нӕ уырныдта.
Ӕви иннӕ апостолтӕн, Дунедарӕджы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ Кифӕйӕн, устытӕ куыд ис, афтӕ мӕнӕн мӕ уырнӕг хотӕй искӕй мӕхицӕн цардӕмбал скӕныны бар нӕй, кӕмдӕриддӕр мемӕ куыд уа, афтӕ?
Ӕфсымӕртӕ, сымах дӕр систут, Йесо Чырыстийыл Иудейы чи ӕууӕнды, Хуыцауы уыцы аргъуантау — ӕфхӕрд уӕхи адӕмӕй баййӕфтат, уыдон дӕр иудейӕгтӕй ӕфхӕрд куыд баййӕфтой, афтӕ.