Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 14:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Павел ӕмӕ Варнавӕ уым фесты бирӕ рӕстӕг; ныфсджынӕй дзырдтой Бардарӕджы тыххӕй, ӕмӕ Йӕ хорзӕхы тыххӕй раст кӕй дзырдӕуыд, уый апостолты фӕрцы Бардарӕг ӕвдыста ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 14:3
17 Iomraidhean Croise  

Ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр ацыдысты ӕмӕ алы ран хъусын кодтой Фарны Уац. Бардарӕг сын ӕххуыс кодта ӕмӕ, сӕ ныхас раст кӕй у, уый ӕвдыста алы диссӕгты фӕрцы.


Йесо йын загъта: «Сымах ӕнӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ ницӕуыл баууӕнддзыстут».


Уӕд Павел ӕмӕ Варнавӕ ныфсджынӕй загътой: «Хуыцауы ныхас фехъусын кӕнын фыццаг ӕмбӕлди сымахӕн, фӕлӕ йыл кӕй не ’рвӕссут ӕмӕ мыггагмӕйы царды аккагыл уӕхи кӕй нӕ нымайут, уымӕ гӕсгӕ мах цӕуӕм муртаттӕгтӕм.


Израилӕгтӕ, байхъусут, Назаретаг Йесойы тыххӕй уын цы зӕгъдзынӕн, уымӕ: Хуыцау Ӕй кӕй рарвыста, ууыл дзурӕг сты, уӕ цӕстыты раз Хуыцау Йӕ фӕрцы цы стыр хъуыддӕгтӕ, диссӕгтӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ равдыста, уыдон.


Фӕлӕ мӕнмӕ ницы кӕсы мӕ цард, ӕрмӕст бӕллын мӕ фӕндагыл кӕронмӕ ацӕуынмӕ ӕмӕ мын Бардарӕг Йесо цы куыст бафӕдзӕхста, уый кӕронмӕ фӕуынмӕ — Хуыцауы хорзӕхы тыххӕй Фарны Уац адӕммӕ фӕхӕццӕ кӕнынмӕ.


Ныр уӕ фӕдзӕхсын Хуыцауыл ӕмӕ Йӕ хорзӕхыл дзурӕг ныхасыл. Хуыцау уыцы ныхасы фӕрцы сымах скӕндзӕн удвидар ӕмӕ уын ратдзӕн хай ӕппӕт сыгъдӕджытимӕ.


Куы скуывтой, уӕд, кӕм уыдысты, уыцы бынат нынкъуысти, се ’ппӕтыл дӕр Сыгъдӕг Уд ӕртыхсти, ӕмӕ ӕдӕрсгӕ хъусын кодтой Хуыцауы ныхас.


Ӕппӕт уыдӕттӕн ӕвдисӕнтӕ стӕм мах, стӕй, Хуыцау Йӕ коммӕгӕстӕн кӕй радта, уыцы Сыгъдӕг Уд».


Фарны Уацы тыххӕй ӕз къӕмдзӕстыг нӕ дӕн. Уымӕн ӕмӕ уый алы уырнӕгӕн дӕр, фыццаджыдӕр уал иудейагӕн, уый фӕстӕ та муртаттагӕн, ирвӕзын ӕй чи кӕны, Хуыцауы уыцы тых у.


Куыд зонут, афтӕмӕй нӕ амӕй размӕ Филиппты бафхӕрдтой ӕмӕ дзы хъизӕмӕрттӕ бавзӕрстам, фӕлӕ нӕ Хуыцауы фӕрцы нӕ ныфс бахастам сымахӕн Йӕ Фарны Уац хъусын кӕнынмӕ, кӕд нӕ ныхмӕ тынг карзӕй лӕууыдысты, уӕддӕр.


Уыцы уац ӕцӕг кӕй у, уый Хуыцау Йӕхӕдӕг сбӕлвырд кодта ӕвдисӕйнӕгтӕй, Йӕ хъомысыл дзурӕг алыхуызон хъуыддӕгтӕй, Сыгъдӕг Уд цы курдиӕттӕ дӕтты ӕмӕ Йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ кӕй бахай кодта, уыдонӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan