Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 13:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Вар-Йесо уыди сакъадахы хицау Сергий Павелы, тынг зондджын лӕджы, ӕввахсдӕр адӕмӕй иу. Сергий Павел фӕсидти Варнавӕ ӕмӕ Савлмӕ, фӕндыд ӕй Хуыцауы ныхасмӕ байхъусын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 13:7
11 Iomraidhean Croise  

Ӕнӕхин алы ныхасыл дӕр ӕууӕнды, фӕлӕ зондджын йӕ къахдзӕфтӕм лӕмбынӕг кӕсы.


Ӕнӕфендӕн йӕ хай — ӕдылыдзинад, зондджыны кады худ — зонынад.


Зондджынӕн йӕ куырыхон зонд, йӕ фӕндаг кӕй ӕмбары, уый мидӕг ис, зондцухӕн та йе ’дылыдзинад — йӕ мӕнг хъуыдыты.


Лӕг удвидар куы уа, уӕд йӕ буар дӕр низы ныхмӕ фидар уыдзӕн, фӕлӕ зӕрдӕсаст куы уа, уӕд ын хъару чи ратдзӕн?


Ефрем, гуымирытимӕ Мӕнӕн иумӕйагӕй цы ис? Сымах тыххӕй дзуапп дӕр Ӕз дӕттын ӕмӕ уыл мӕт дӕр Ӕз кӕнын. Ӕз дӕн, ӕдзух цъӕх чи дары, уыцы кипарисау, уӕ бӕркад рацӕуы Мӕнӕй».


Сергий Павел, цы ӕрцыди, уый куы федта, уӕд, Бардарӕджы тыххӕй цы ахуырад базыдта, уый йӕ стыр дисы бафтыдта, ӕмӕ баууӕндыд.


Фӕлӕ Вар-Йесо (хуыдтой ма йӕ Елима дӕр, ома кӕлӕнгӕнӕг) уыди сӕ ныхмӕ ӕмӕ архайдта ууыл, цӕмӕй сакъадахы хицау уырнындзинадмӕ ма ӕрцӕуа.


Фӕлӕ Ахайӕн йӕ хицау Галлион куы уыди, уӕд иудейӕгтӕ ӕмвӕндӕй балӕбурдтой Павелмӕ ӕмӕ йӕ ӕрбакодтой тӕрхондонмӕ,


Кӕд Димитрий ӕмӕ иннӕ ӕрмдӕснытӕ искӕмӕй хъаст кӕнынц, уӕд ис тӕрхондӕттӕ, ис хицӕуттӕ — уырдӕм бахъаст кӕнӕнт.


Раиртасут алцыдӕр ӕмӕ хӕцут, хуыздӕр цы у, ууыл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan