49 Афтӕ Дунедарӕджы ныхас парахат кодта ӕппӕт бӕстӕйы.
Уыдон та ацыдысты ӕмӕ Йын ӕппӕт уыцы бӕстӕйыл айхъуысын кодтой Йӕ кой.
Хуыцауы ныхас та тынгӕй-тынгдӕр парахат кодта.
Сергий Павел, цы ӕрцыди, уый куы федта, уӕд, Бардарӕджы тыххӕй цы ахуырад базыдта, уый йӕ стыр дисы бафтыдта, ӕмӕ баууӕндыд.
Афтӕ ахаста дыууӕ азы, ӕмӕ Азийы ӕппӕт цӕрджытӕ — иудейӕгтӕ дӕр ӕмӕ муртаттӕгтӕ дӕр — фехъуыстой Бардарӕджы ныхас.
Афтӕмӕй та уынут ӕмӕ хъусут, ӕрмӕст Эфесы нӕ, фӕлӕ ӕппӕт Азийы дӕр уыцы Павел кӕй асайдта бирӕ адӕмы — баууӕндын сӕ кодта, адӕймаджы къухтӕ кӕй сарӕзтой, уыдон хуыцӕуттӕ не сты, зӕгъгӕ.
Парахат кодта Хуыцауы ныхас, Йерусалимы дзӕвгар ӕфтыд ахуыргӕнинӕгты нымӕцыл; сауджынтӕй дӕр бирӕтӕ баууӕндыдысты Чырыстийыл.
Уыцы хабар айхъуыст ӕгас Яффойыл, ӕмӕ бирӕтӕ баууӕндыдысты Бардарӕгыл.