44 Иннӕ сабаты ӕгас сахар, искуы иуӕй фӕстӕмӕ, ӕрӕмбырд ис Хуыцауы ныхасмӕ хъусынмӕ.
Иудӕ паддзахы лӕдзӕгӕй ӕнӕхай нӕ фӕуыдзӕн, йӕ байзӕддаг паддзахы бадӕнӕй нӕ фӕхаудзӕн, цалынмӕ, паддзахы бартӕ Кӕмӕ сты, Уый не ’рцӕуа, ӕмӕ адӕмтӕ Йӕ дӕлбар не суой, уӕдмӕ.
Йӕ хъуыддӕгтӕ — стыр ӕмӕ рӕсугъд, Йӕ рӕстад у ӕнусон.
Уыцы заман куы ралӕууа, уӕд, Йессейы Ӕвзарӕй цы тала сырӕза, уый адӕмтӕн суыдзӕни цӕстуынгӕ нысан, адӕмтӕ йӕ бацагурдзысты. Цы бынаты ӕрцӕра, уымӕн йӕ кады кой айхъуысдзӕни дӕрдтыл.
Уый цы ’рбатӕхы ӕврӕгътау, сӕ бынӕттӕм здӕхӕг бӕлӕттау?
Сахары цӕрджытӕ иууылдӕр рацыдысты Йесойы размӕ. Куы Йӕ федтой, уӕд Ӕм ӕрхатыдысты, цӕмӕй сӕ зӕххӕй ацӕуа.
Уыдон та Пергийӕ араст сты дарддӕр ӕмӕ бахӕццӕ сты писидиаг сахар Антиохимӕ. Сабаты бацыдысты синагогӕмӕ ӕмӕ дзы ӕрбадтысты.