Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 13:41 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

41 „Кӕсут-ма, ӕнӕввӕрсонтӕ! Стыр дисы бафтут ӕмӕ фесӕфут, уымӕн ӕмӕ уӕ заманы Ӕз ахӕм хъуыддаг аразын, ӕмӕ уын ӕй исчи куы загътаид, уӕд уӕ нӕ бауырныдтаид“».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 13:41
26 Iomraidhean Croise  

Уымӕ гӕсгӕ, хъӕмп зынджы амӕттаг куыд бавӕййы, хосы мӕкъуылтӕ пиллон арты куыд асудзынц, афтӕ сӕ уидаг амбидзӕн, сӕ дидинвӕлыст рыг фестдзӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон се ’ргом аздӕхтой Уӕларвӕфсады Бардарӕджы ӕгъдауӕй, ницӕмӕ ӕрдардтой Израилы Уаз Хуыцауы ныхас.


Ме ’взӕрстытӕ уӕ номӕй пайда кӕндзысты ӕлгъыстӕн, Дунедарӕг Хуыцау уӕ мӕлӕты хай бакӕндзӕн, Йӕ цагъартӕн та ратдзӕни ног ном.


Рагацау ӕй куы бахизай, дӕ фыдвӕндӕгтӕ ныууадз, зӕгъгӕ, ӕмӕ сӕ уый куынӕ ныууадза, уӕд уый амӕлдзӕн йӕ тӕригъӕды аххосӕй, ды та дӕ уд фервӕзын кӕндзынӕ.


Акӕсут-ма адӕмтӕм лӕмбынӕг — стыр дисы уӕ бафтаудзысты. Уымӕн ӕмӕ уӕ заманы Ӕз ахӕм хъуыддаг сараздзынӕн, ӕмӕ уын рагацау исчи йӕ кой куы скодтаид, уӕд уӕ нӕ бауырныдтаид.


Ӕппӕт уыдӕттӕ хъуыстой ӕхцауарзаг фарисейтӕ ӕмӕ Йыл худтысты.


Адӕм лӕууыдысты ӕмӕ кастысты, сӕ хицӕуттӕ та Йыл худтысты: «Иннӕты ирвӕзын кодта, ныр Йӕхи фервӕзын кӕнӕд, кӕд Хуыцауы ӕвзӕрст Чырысти у, уӕд».


Уымӕн ӕмӕ нын Дунедарӕг афтӕ бафӕдзӕхста: „Ӕз Дӕ радтон муртаттӕгтӕн рухсӕн, цӕмӕй суанг зӕххы кӕрӕттӕм адӕм фервӕзой Дӕ фӕрцы“».


Бардарӕг мын загъта: „Ацу, уымӕн ӕмӕ дӕ Ӕз дардмӕ, муртаттӕгтӕм, арвитдзынӕн“».


Уыцы Пехуымпармӕ чи нӕ байхъуса, уый йӕ адӕмы ’хсӕнӕй хъодыгонд ӕрцӕудзӕн“.


Мах, цы дзырдта, уый фехъуыстам: ацы Назаретаг Йесо, дам, ныппырх кӕндзӕн ацы бынат ӕмӕ аивдзӕн, Моисейы фӕрцы кӕй райстам, уыцы ӕгъдӕуттӕ».


Мах муртаттӕгтӕн хъусын кӕнӕм Фарны Уац сӕ фервӕзыны сӕраппонд, ӕмӕ нын иудейӕгтӕ ӕвӕрынц цӕлхдуртӕ. Афтӕмӕй ӕдзух ӕфтауынц тӕригъӕд тӕригъӕдыл — афтӕ сын сбирӕ сты, ӕмӕ сӕ ӕппынфӕстаг баййӕфта Хуыцауы азар.


Уымӕн ӕмӕ ралӕууыд Тӕрхоны рӕстӕг. Ӕмӕ райдайдзӕн Хуыцауы хӕдзарӕй. Уӕдӕ кӕд тӕрхон махӕй райдайдзӕн, уӕд Хуыцауы Фарны Уацӕн чи нӕ сӕтты, уыдонӕн та сӕ кӕрон цавӕр уыдзӕн?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan