Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 13:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Варнавӕ ӕмӕ Савл, Сыгъдӕг Удӕй ӕрвыстытӕ, ӕрцыдысты Селевкийы сахармӕ, уырдыгӕй та науыл араст сты Кипрмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 13:4
7 Iomraidhean Croise  

Стефаны мӕлӕты фӕстӕ сӕ ӕфхӕрын куы райдыдтой, уӕд, уырнджытӕй чи ныххӕлиу, уыдон бахӕццӕ сты Финикимӕ, Кипрмӕ ӕмӕ Антиохимӕ. Хуыцауы Дзырд амыдтой ӕрмӕстдӕр иудейӕгтӕн.


Иу хатт уыдон Дунедарӕгӕн куы лӕггад кодтой ӕмӕ ком куы дардтой, уӕд сын Сыгъдӕг Уд загъта: «Цы хъуыддагӕн сӕ сӕвзӕрстон, уый саразынӕн Мын раттут Варнавӕ ӕмӕ Савлы».


Ком дарын ӕмӕ куывд куы фесты, уӕд Варнавӕ ӕмӕ Савлыл ӕрӕвӕрдтой сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ афӕндараст кодтой.


Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Павел загъта Варнавӕйӕн: «Ацӕуӕм ӕмӕ, Бардарӕджы ныхас кӕдӕм ӕрхастам, ӕппӕт уыцы сахарты бабӕрӕг кӕнӕм не ’фсымӕрты, куыд цӕрынц, уый фенӕм».


Ӕрмӕст мын Сыгъдӕг Уд алы сахары дӕр раргом кӕны, ахӕстон ӕмӕ мӕм хъизӕмӕрттӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, уый.


Уырдыгӕй араст стӕм дарддӕр; Кипры чъылдыммӕ бамбӕхстыстӕм дымгӕйӕ, уымӕн ӕмӕ дымдта нӕ ныхмӕ.


Зӕгъӕм, апостолтӕ фӕсномыгӕй Варнавӕ (ома Ныфсдӕттӕг) кӕй хуыдтой, уыцы кипраг левит Йосефмӕ уыди зӕххы хай.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan