Апостолты хъуыддӕгтӕ 13:39 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст39 Моисейы Ӕгъдауы руаджы цӕмӕй не сраст уыдаиккат, цӕмӕй ӕппӕт уыдӕттӕ барст ӕрцӕуой, уый тыххӕй Йесойы фӕрцы растгонд цӕуы алы уырнӕг дӕр. Faic an caibideil |
Адӕймаджы ӕрдзыхъӕд ӕй кӕй слӕмӕгъ кодта, уый аххосӕй Ӕгъдауӕн цы нӕ бантыст, уый сарӕзта Хуыцау — буарыдзыдӕй рарвыста Йӕ Фырты, ӕмӕ, адӕймаджы тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды хуызӕн чи уыди, Фырты уыцы ӕрдзыхъӕд хаст ӕрцыди тӕригъӕды нывондӕн. Афтӕмӕй Хуыцау тӕрхон рахаста, адӕймаджы ӕрдзыхъӕды цы тӕригъӕд цӕры, уымӕн,