36 Фӕлӕ Хуыцау цы снысан кодта, уый Давид йӕ заманы куы сарӕзта, уӕд амард, йӕ фыдӕлтимӕ ныгӕд ӕрцыд ӕмӕ бамбыди.
Тыллӕгмондагӕй калдзынӕ дӕ сау хид, цалынмӕ, цы зӕххӕй ист ӕрцыдтӕ, уыцы зӕхмӕ бацӕуай, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ ды сыджыт дӕ ӕмӕ бафтдзынӕ дӕ сыджытыл».
Дӕ царды бонтӕ куы фӕуой ӕмӕ дӕ фыдӕлты фарсмӕ куы ӕрӕнцайай, уӕд та паддзахӕй сӕвӕрдзынӕн дӕ байзӕддаджы, дӕ туг, де стӕджы, ӕмӕ йын йӕ паддзахад сфидар кӕндзынӕн.
Давид ацы ныхӕстӕ куы ракодта, уый фӕстӕ бирӕ нал ацард. Куы амарди, уӕд ӕй баныгӕдтой Давиды сахары.
Амӕй размӕ дӕр, Саул паддзахиуӕг куы кодта, уӕд ды лӕууыдтӕ Израилы ӕфсады сӕргъы. Ӕмӕ дын Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, загъта: „Ды хъахъхъӕндзынӕ Мӕ адӕмы, Израилы, ды уыдзынӕ сӕ фӕтӕг“».
Дӕ царды бонтӕ куы фӕуой ӕмӕ дӕ фыдӕлтимӕ куы баиу уай, уӕд та паддзахӕй сӕвӕрдзынӕн дӕ байзӕддаджы, дӕ фырттӕй иуы, ӕмӕ йын йӕ паддзахад сфидар кӕндзынӕн.
Давид паддзахиуӕг кодта ӕгас Израилы, адӕмӕн тӕрхон кодта ӕмӕ раст уынаффӕ хаста.
Амарди хӕрз зӕрондӕй, цардӕй дӕр, мулкӕй дӕр ӕмӕ кадӕй дӕр бафсӕсти, афтӕмӕй. Йӕ бӕсты паддзах сси йӕ фырт Соломон.
Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕл Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Авийа.
Иосафат амарди, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой йӕ фыдӕлты фарсмӕ, Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Иорам.
Озиа куы амарди, уӕд ӕй йӕ хъотыры тыххӕй бавӕрдтой паддзӕхты зӕппӕдзты нӕ, фӕлӕ, уыдоны фарсмӕ паддзӕхтӕн цы зӕххы хай уыди, уым, йӕ фыдӕлты зӕппадзы. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Йотам.
Соломон куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыд Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Роховам.
Марды чырын хонын мӕ фыд, уаллоны — мӕ мад, мӕ хо.
Дыууӕйӕ дӕр сыджытмӕ цӕуынц, сӕ дыууӕ дӕр ӕмхуызон скӕлм уыдзысты.
Бузныджы нывонд ӕрхӕсс Хуыцауӕн, Бӕрзӕндтыл Бадӕгӕн цы сомы ракодтай, уый сӕххӕст кӕн.
Нӕ бакомдзынӕн нӕдӕр род дӕ хӕдзарӕй, нӕдӕр сӕгътӕ дӕ фосдарӕнтӕй —
Фондз таланты чи райста, уый уайтагъд ацыд, спайда сӕ кодта ӕмӕ ма сӕ ноджы фондз таланты бакуыста.
Йесо загъта: «Айсут дур». Марды хо Марфӕ Йын загъта: «Хицау, мард афонмӕ сысмаг ис. Ныр цыппар боны зӕппадзы ис».
Стӕй йӕ Хуыцау ӕнӕхай фӕкодта йӕ паддзахдзинадӕй ӕмӕ сын паддзахӕй сӕвӕрдта Давиды. Хуыцау Йӕхӕдӕг Давиды тыххӕй загъта: „Ӕз ссардтон Давиды, Йессейы фырты. Уый у, Мӕ зӕрдӕйӕн ӕхцон чи у, ахӕм адӕймаг — уый Мын Мӕ алы фӕндон дӕр сӕххӕст кӕндзӕн“.
Ме ’фсымӕртӕ, мӕ ныфс хӕссын сымахӕн нӕ рагфыдӕл Давиды тыххӕй зӕгъынмӕ: уый амард, ӕрцыди ныгӕд ӕмӕ йӕ зӕппадз абон дӕр бӕлвырд у.
Уымӕн ӕмӕ ӕз алцыдӕр сарӕзтон, цӕмӕй уын Хуыцауы фӕндон фехъусын кӕнон ӕххӕстӕй.
Стӕй ӕрхауди йӕ зонгуытыл ӕмӕ хъӕрӕй ныууынӕргъыдта: «Дунедарӕг, ныббар сын ацы тӕригъӕд». Уыцы ныхӕстимӕ Стефан амард.
Стефаны кӕй амардтой, уый Савл растыл нымадта. Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Йерусалимы аргъуаны уӕнгты тынг ӕфхӕрын райдыдтой, ӕмӕ, апостолтӕй фӕстӕмӕ, се ’ппӕт дӕр ныххӕлиу сты Иудей ӕмӕ Самарийы алы къуымты.
Уӕд, Чырыстийыл ӕууӕндгӕйӕ чи амард, уыдон дӕр бабын сты.
Стӕй уыцы иу рӕстӕг Йӕхи равдыста фондзсӕдӕ ӕфсымӕрӕй фылдӕрмӕ. Уыдонӕн сӕ фылдӕр, иуӕй-иутӕй фӕстӕмӕ, абон дӕр ма сӕрӕгас сты.
Мӕн фӕнды, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, чи амарди, уыдоны тыххӕй ӕмӕ, зӕрдӕдарӕн кӕмӕн нӕй, уыдонау хъынцъымы ма ӕфтат.