Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 13:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Хуыцау зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ Давиды байзӕддагӕй Израилӕн радта Ирвӕзынгӕнӕг Йесойы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 13:23
41 Iomraidhean Croise  

Дӕ царды бонтӕ куы фӕуой ӕмӕ дӕ фыдӕлты фарсмӕ куы ӕрӕнцайай, уӕд та паддзахӕй сӕвӕрдзынӕн дӕ байзӕддаджы, дӕ туг, де стӕджы, ӕмӕ йын йӕ паддзахад сфидар кӕндзынӕн.


Йессейы калд бӕласы бындзӕфхад суадздзӕни тау, ӕмӕ дзы ног тала сырӕздзӕн.


Уыцы заман куы ралӕууа, уӕд, Йессейы Ӕвзарӕй цы тала сырӕза, уый адӕмтӕн суыдзӕни цӕстуынгӕ нысан, адӕмтӕ йӕ бацагурдзысты. Цы бынаты ӕрцӕра, уымӕн йӕ кады кой айхъуысдзӕни дӕрдтыл.


Дунедарӕг ӕрмӕстдӕр Ӕз дӕн! Мӕн йеддӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг ничи у!


Уӕ кӕрӕдзийы афӕрсут, баныхас кӕнут ӕмӕ Мын зӕгъут, абон цытӕ цӕуы, уый тыххӕй незаманты рагацау чи загъта, Уый Ӕз — Дунедарӕг — нӕ уыдтӕн, ӕви? Мӕн йеддӕмӕ ничи у Хуыцау — рӕстӕвзар ӕмӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау.


Уӕд Исайа загъта: «Ӕрбайхъусут-ма ардӕм, Давиды байзӕддаг! Адӕмы фыдӕбоны хай фӕкодтат, уый уын ӕгъгъӕд нӕу, ӕмӕ ма мын мӕ Хуыцауы дӕр фыдӕбоныл бафтауинаг стут?


фӕлӕ Дунедарӕгӕн, сӕ Хуыцауӕн, стӕй сӕ паддзах Давидӕн, сӕ сӕргъы сын кӕй сӕвӕрдзынӕн, уымӕн.


Уыцы бон Ӕз Давиды пырх цатыр ногӕй сӕвӕрдзынӕн. Йӕ зыхъхъыртӕ йын сӕхгӕндзынӕн, йӕ пырхытӕ йын банывыл кӕндзынӕн, кӕддӕр куыд уыдис, афтӕ та йӕ рацараздзынӕн,


Цин кӕн, Сионы чызг! Дӕ зӕрдӕ райӕд фыр цинӕй, Йерусалимы чызг! Мӕнӕ дӕм фӕцӕуы дӕ Паддзах! Уый у рӕстаг, сӕрныллӕг, ирвӕзындзинад дын ӕрхӕсдзӕн, фӕцӕуы къӕлӕуыл, хӕрӕджы лӕппыныл бадгӕйӕ.


Мӕнӕ Йесо Чырыстийы — Авраам ӕмӕ Давиды байзӕддаджы — хӕдзарвӕндаг.


Ныййардзӕни дын Фырт ӕмӕ Йӕ схондзынӕ Йесо, уымӕн ӕмӕ Уый Йӕ адӕмы сӕ тӕригъӕдтӕй фервӕзын кӕндзӕн».


Йесойӕн Йӕ разӕй ӕмӕ Йӕ фӕстӕ цы адӕм цыди, уыдон хъӕр кодтой: «Осаннӕ Давиды Фыртӕн! Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй Ӕрцӕуӕг! Осаннӕ уӕлӕрвты!»


«Цы хъуыды кӕнут Чырыстийы тыххӕй? Кӕй байзӕддаг у?» Уыдон Ын загътой: «Давиды».


Йӕ лӕггадгӕнӕг Давиды байзӕддагӕй нын радта хъомысджын Ирвӕзынгӕнӕджы,


Уыцы сылгоймагӕн та дзырдтой: «Ныр Ыл мах дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ не ’ууӕндӕм — нӕхӕдӕг Ӕм байхъуыстам ӕмӕ зонӕм, Уый ӕцӕгдӕр дунейы Ирвӕзынгӕнӕг [Чырысти] кӕй у, уый».


Сыгъдӕг Фысты афтӕ загъд нӕй, Чырысти Давиды байзӕддаг уыдзӕн ӕмӕ, Давид кӕм царди, уыцы хъӕуӕй, Вифлеемӕй, ӕрцӕудзӕн, зӕгъгӕ?»


Ӕмӕ уын мах ӕрхастам уыцы Фарны Уац: Хуыцау нӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый радта махӕн, сӕ цотӕн, — Йесойы мӕрдтӕй райгас кодта,


Давид пехуымпар уыд ӕмӕ зыдта: Хуыцау ын расомы кодта, йӕ паддзахы бадӕн ын йӕ байзӕддагӕн кӕй ратдзӕн.


Хуыцау Йӕ Фырты мӕрдтӕй куы райгас кодта, уӕд Ӕй фыццаг сымахмӕ арвыста, цӕмӕй уын Уый арфӕ ракӕна ӕмӕ уӕ алчидӕр йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадза».


Ӕндӕр никӕй бон у ирвӕзындзинад раттын, уымӕн ӕмӕ арвы бын иунӕг ӕндӕр ном дӕр нӕй, фервӕзӕн нын кӕй фӕрцы ис».


Уый у Йӕ Фырты Фарны Уац. Йӕ равзӕрдмӕ гӕсгӕ Уый уыди Давиды байзӕддаг,


Ӕмӕ уӕд ӕгас Израил фервӕздзӕн, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Сионӕй ӕрцӕудзӕн Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ Йаковы байзӕддӕгты суӕгъд кӕндзӕн сӕ фыдракӕндтӕй.


Ӕз фыссын Титмӕ, нӕ иумӕйаг уырнындзинады фӕрцы мын ӕцӕг хъӕбул чи сси, уымӕ. Фарн ӕмӕ дын хорзӕх Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийӕ.


Симон Петрӕй, Йесо Чырыстийы цагъар ӕмӕ апостолӕй, — нӕ Хуыцау ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы рӕстады руаджы нӕ зынаргъ уырнындзинадӕй чи схайджын, уыдонмӕ.


Уымӕн ӕмӕ уын афтӕмӕй уыдзӕн нӕ Бардарӕг ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы мыггагмӕйы Паддзахадмӕ ӕнӕкъуылымпыйӕ бацӕуыны фадат.


Кӕд нӕ Бардарӕг ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы базоныны фӕрцы фервӕзтысты дунейы чъизитӕй, фӕлӕ та дзы ногӕй аныгъуылдысты ӕмӕ сӕ амӕттаг баисты, уӕд сӕ фӕстаг уавӕр фыццагӕй фыддӕр уыдзӕн.


Рӕзут нӕ Бардарӕг ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы хорзӕхӕй хайджынӕй, тырнут, ноджы хуыздӕр Ӕй куыд базонат, уымӕ. Кад Ын уӕд абон дӕр ӕмӕ мыггагмӕ дӕр! Аммен.


Рох уӕ ма уӕнт, сыгъдӕг пехуымпартӕ рагагъоммӕ кӕй загътой, уыцы ныхӕстӕ, стӕй уын уӕ апостолты дзыхӕй Бардарӕг ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг кӕй фехъусын кодта, Йӕ уыцы фӕдзӕхст.


Мах федтам ӕмӕ ӕвдисӕн стӕм, Фыд Йӕ Фырты дунейӕн Ирвӕзынгӕнӕгӕй кӕй рарвыста, уымӕн.


Бардарӕг Йесо Чырыстийы фӕрцы мах Чи фервӕзын кодта, уыцы иунӕг Хуыцауӕн уӕд кад ӕмӕ стырад, паддзахад ӕмӕ хъомыс — ӕнусты размӕ, ныр ӕмӕ ӕнустӕм! Аммен.


«Ӕз, Йесо, Мӕ зӕды арвыстон ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй сымахӕн аргъуанты зӕгъынмӕ. Ӕз дӕн Давиды Ӕвзар ӕмӕ Байзӕддаг, тӕмӕнкалгӕ Бонвӕрнон».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan