14 Уыдон та Пергийӕ араст сты дарддӕр ӕмӕ бахӕццӕ сты писидиаг сахар Антиохимӕ. Сабаты бацыдысты синагогӕмӕ ӕмӕ дзы ӕрбадтысты.
Йесо ацыди, кӕм схъомыл ис, уыцы Назаретмӕ. Куыд ахуыр уыди, афтӕ сабаты синагогӕмӕ бацыд ӕмӕ слӕууыд Сыгъдӕг Фыстӕй бакӕсынмӕ.
Павел ӕмӕ Варнавӕ синагогӕйӕ куы рацӕйцыдысты, уӕд сӕм муртаттӕгтӕ хатыдысты, цӕмӕй уыдӕтты тыххӕй дзурой иннӕ сабаты дӕр.
Иннӕ сабаты ӕгас сахар, искуы иуӕй фӕстӕмӕ, ӕрӕмбырд ис Хуыцауы ныхасмӕ хъусынмӕ.
Уӕд Павел ӕмӕ Варнавӕ ныфсджынӕй загътой: «Хуыцауы ныхас фехъусын кӕнын фыццаг ӕмбӕлди сымахӕн, фӕлӕ йыл кӕй не ’рвӕссут ӕмӕ мыггагмӕйы царды аккагыл уӕхи кӕй нӕ нымайут, уымӕ гӕсгӕ мах цӕуӕм муртаттӕгтӕм.
Бахӕццӕ сты Саламинмӕ ӕмӕ иудейаг синагогӕты Хуыцауы ныхас амыдтой. Семӕ ма уыдис Иоанн дӕр ӕмӕ сын ӕххуыс кодта.
Уӕд Антиохи ӕмӕ Иконийӕ ӕрцыдысты иудейӕгтӕ ӕмӕ адӕмы сардыдтой апостолты ныхмӕ. Павелыл ралӕууыдысты дурадзагъдӕй, ӕнхъӕл уыдысты, амарди, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ сыфцӕй ласӕгау фӕссахармӕ аластой.
сабаты та ацыдыстӕм фӕссахармӕ, цӕугӕдоны цурмӕ, мах куыд ӕнхъӕл уыдыстӕм, афтӕмӕй кувӕн бынат кӕм уыди, уырдӕм. Ӕрбадтыстӕм ӕмӕ ныхас кодтам, чи ӕрӕмбырд, уыцы сылгоймӕгтимӕ.
Павел ацы хатт дӕр раздӕрау бацыди синагогӕмӕ ӕмӕ ӕртӕ сабаты адӕмимӕ ныхас кодта Сыгъдӕг Фысты тыххӕй;
Алы сабат та ныхас кодта синагогӕйы, йӕхи хъардта иудейӕгты ӕмӕ муртаттӕгты баууӕндын кӕныныл.
Павел ацыд синагогӕмӕ ӕмӕ ӕртӕ мӕйы дӕргъы ӕдӕрсгӕ пехуымпариуӕг кодта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ адӕмы ӕууӕндын кодта.
Синагогӕты ӕвӕстиатӕй райдыдта амонын, Йесо Хуыцауы Фырт у, зӕгъгӕ.
Ды мемӕ бавзӕрстай, Антиохийы, Икони ӕмӕ Листрӕйы мӕ сӕр кӕй баййӕфта, уыцы ӕфхӕрд ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ. Цы фыдӕфхӕрд нӕ баййӕфтон! Ӕмӕ мӕ ӕппӕт уыдӕттӕй фервӕзын кодта Бардарӕг.