8 Зӕд ын загъта: «Дӕ рон ӕрбабӕтт ӕмӕ скӕн дӕ дзабыртӕ». Петр ӕм байхъуыста. Зӕд та йын загъта: «Скӕн дӕ пӕлӕз ӕмӕ рацу мӕ фӕдыл».
Уӕ фӕсмоны нысанӕн уыл ӕз ӕрмӕстдӕр донӕй аргъауын, фӕлӕ мӕ фӕдыл Чи ӕрбацӕуы, Уый мӕнӕй тыхджындӕр у; ӕз Ын Йӕ дзабыртӕ хӕссыны аккаг дӕр нӕ дӕн. Ӕмӕ уыл Уый аргъаудзӕни Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ артӕй.
Уӕ къахыл хуымӕтӕг дзабыртӕ скӕнут, фӕстауӕрцӕн дарӕс ма райсут уемӕ».
Тӕхудиаг сты, хӕдзары хицау куы ӕрбацӕуа, уӕд фынӕйӕ кӕй не ’рбаййафа, уыцы цагъартӕ. Ӕцӕг уын зӕгъын, уый йӕ рон ӕрбалвасдзӕни, фынджы уӕлхъус сӕ ӕрбадын кӕндзӕн ӕмӕ сын йӕхӕдӕг кӕстӕриуӕг кӕнын райдайдзӕн.
Ӕваст фӕзынди Хуыцауы зӕд, ӕмӕ ахӕстоны уат ныррухс. Зӕд басхуыста Петры фарс, райхъал ӕй кодта ӕмӕ йын загъта: «Сыст рӕвдздӕр». Ӕмӕ рӕхыстӕ Петры цӕнгтӕй ӕрхаудтой.
Петр рахызт ӕмӕ цыди зӕды фӕдыл, фӕлӕ не ’мбӕрста, зӕд цы аразы, уый ӕцӕг кӕй у — ӕнхъӕл уыдис, ӕмӕ йӕ цӕстытыл уайы.
Ӕз Кӕй дӕн ӕмӕ Кӕмӕн лӕггад кӕнын, Уыцы Хуыцауы зӕд мӕм фӕзынди дысон
Филиппӕн та Хуыцауы зӕд загъта: «Бавдӕл ӕмӕ ацу хуссармӕ, Йерусалимӕй Газӕмӕ цы фӕндаг ис, цӕуӕг кӕуыл нӕй, уырдӕм».