Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 12:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Ӕваст фӕзынди Хуыцауы зӕд, ӕмӕ ахӕстоны уат ныррухс. Зӕд басхуыста Петры фарс, райхъал ӕй кодта ӕмӕ йын загъта: «Сыст рӕвдздӕр». Ӕмӕ рӕхыстӕ Петры цӕнгтӕй ӕрхаудтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 12:7
37 Iomraidhean Croise  

Ды мӕнӕн ссудзыс мӕ цырагъ; Дунедарӕг мын рухсӕй раивдзӕни мӕ талынг.


Ӕхсӕлыйы бын ӕрхуыссыд ӕмӕ бафынӕй. Уӕд ӕм зӕд ӕргом рацыди, андзӕвыд ыл ӕмӕ йын загъта: «Уӕлӕмӕ сыст, бахӕр».


Уӕд та йӕм Дунедарӕджы зӕд дыккаг хатт рацыд, бандзӕвыд ыл ӕмӕ та йын загъта: «Сыст ӕмӕ уал хӕргӕ бакӕн — дард фӕндагыл цӕугӕ дын у».


Хуыцауы фӕрцы фӕтых уыдзыстӕм не знӕгтыл, фӕуӕлахиз сыл уыдзӕн Уый.


Дунедарӕгӕн кады зарӕг сисут, хъисфӕндыртимӕ азарут нӕ Хуыцауӕн.


Мӕ сӕрӕн ницы зонын, афтӕмӕй мын мӕ размӕ ахсӕн хызтӕ сӕвӕрдтой; ницы ракодтон, афтӕмӕй мын уӕрм скъахтой.


О Хуыцау, Ды зоныс ме ’нӕзонд митӕ, мӕ тӕригъӕдтӕ ӕмбӕхст не сты Дӕуӕй.


Дӕуӕн та, Езекиа, мӕнӕ нысан: ацы аз хӕрут, хӕдӕвзӕрдӕй цы хор ӕрзади, уый, иннӕ аз дӕр хӕрдзыстут, йӕхигъӕдӕй цы хор ӕрзайа, уый, ӕртыккаг аз та-иу байтаут ӕмӕ бафснайут уӕ хортӕ, скӕнут сӕндӕттӕ ӕмӕ хӕрут сӕнӕфсир.


Дунедарӕг зӕгъы: «Сыст, сӕрттив, Йерусалим, — ссыгъди дӕ рухс, дӕ сӕрмӕ тӕмӕнтӕ калы Дунедарӕджы кад!


Хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан Йеремиайы Рамайы куы суӕгъд кодта, уый фӕстӕ дӕр-иу Дунедарӕг дарддӕр ныхас кодта йемӕ. Невузардан Йеремиайы ссардта рӕхыстӕй бастӕй, Иудей ӕмӕ Йерусалимы уацайрӕгты, Вавилонмӕ уацары кӕй фӕцӕйкодтой, уыдоны ’хсӕн.


Уым федтон, Израилы Хуыцауы кад скӕсӕнӕрдыгӕй куыд ӕрбаввахс кӕны, уый. Йӕ хъӕлӕс уыдис бирӕ дӕтты уынӕрау, Йӕ кады рухсӕй дуне ныррухс ис.


Уӕд Навуходоносор загъта: «Арфӕгонд уӕд Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Негойы Хуыцау! Уый рарвыста йӕ зӕды ӕмӕ фервӕзын кодта йӕ цагъарты. Уыдон сӕ зӕрдӕ дардтой сӕ Хуыцауыл, паддзахы ныхасмӕ нӕ байхъуыстой ӕмӕ сӕхи судзынмӕ радтой, цӕмӕй сӕхи Хуыцауы йеддӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕм ма кувой ӕмӕ сын ма лӕггад кӕной.


Мӕ Хуыцау рарвыста Йӕ зӕды, ӕмӕ уый домбӕйтты дзыхтыл цъутта сӕвӕрдта. Ницы знаггад мын ракодтой, уымӕн ӕмӕ мӕ Хуыцауы раз сыгъдӕг разындтӕн, стӕй дӕ разы дӕр, паддзах, азымджын нӕ дӕн».


Ӕз Дунедарӕджы раз тӕригъӕдджын дӕн, ӕмӕ Йын уымӕ гӕсгӕ фӕраздзынӕн Йӕ мастӕн, цалынмӕ мын мӕ хъуыддаг равзара ӕмӕ мын тӕрхон рахӕсса, уӕдмӕ. Уый мӕ ракӕндзӕни рухсмӕ, ӕмӕ Йын фендзынӕн Йӕ рӕстдзинад.


Де ’рттиваг тӕхгӕ фатты, Де ’рцыты — цӕхӕркалгӕ арвӕрттывдты раз хур ӕмӕ мӕй бандзыг сты уӕлӕрвты.


Тӕмӕнтӕ калы хурау, Йӕ къухтӕй рухс тынтӕ фӕйнӕрдӕм ивылынц, сӕ мидӕг ӕмбӕхст у Йӕ хъомыс.


Уыдон куы ацыдысты, уӕд Хуыцауы зӕд Йосифмӕ фыны раргом ис ӕмӕ йын загъта: «Сыст уӕлӕмӕ, Сывӕллоны Йӕ мадимӕ демӕ акӕн ӕмӕ лидзгӕ кӕн Мысырмӕ. Цалынмӕ дын зӕгъон, уӕдмӕ-иу уым лӕуу, уымӕн ӕмӕ Иродӕн йӕ зӕрды ис Сывӕллоны ссарын ӕмӕ Йӕ амарын».


Ӕвиппайды Хуыцауы зӕд сӕ разы февзӕрди, ӕмӕ Хуыцауы кадӕй бӕстӕ ныррухс ис. Фыййӕуттӕ фыр тӕссӕй сӕхи дӕр нал ӕмбӕрстой.


ӕмӕ джихӕй аззадысты. Ӕваст сӕ разы дыууӕ лӕджы цӕхӕркалгӕ дарӕсы февзӕрдысты.


Корнелий загъта: «Ӕртӕ боны размӕ, ацафон, фарӕстӕм сахатыл, ӕз куывтон мӕ хӕдзары. Уӕд мӕ разы ӕрттивгӕ дарӕсы февзӕрд иу лӕг


Ӕмӕ йӕ уайтӕккӕ Хуыцауы зӕд ӕрцавта, ӕцӕг Хуыцауӕн кад скӕныны бӕсты йӕхи хуыцау схонын кӕй бауагъта, уый тыххӕй; къуыдыргӕлмытӕ йӕ бахордтой ӕмӕ йӕ уд систа.


Ирод ӕй тӕрхонмӕ ракӕнынмӕ куы хъавыд, раст уыцы боны размӕ Петр ӕхсӕвы, дыууӕ рӕхысӕй бастӕй, фынӕй кодта дыууӕ ӕфсӕддоны ӕхсӕн; хъахъхъӕнджытӕ лӕууыдысты дуармӕ дӕр ӕмӕ ахӕстон хъахъхъӕдтой.


Зӕд ын загъта: «Дӕ рон ӕрбабӕтт ӕмӕ скӕн дӕ дзабыртӕ». Петр ӕм байхъуыста. Зӕд та йын загъта: «Скӕн дӕ пӕлӕз ӕмӕ рацу мӕ фӕдыл».


Ӕваст зӕхх афтӕ тынг нынкъуысыд, ӕмӕ ахӕстон йӕ бындурӕй нызмӕлыд. Уайсахат байгом сты ахӕстоны ӕппӕт дуӕрттӕ, ӕмӕ ахӕстытӕ иууылдӕр сӕ рӕхыстӕй суӕгъд сты.


Фӕлӕ Хуыцау арӕдывта мӕлӕты рӕхыстӕ ӕмӕ Йӕ райгас кодта — мӕлӕтӕн Ӕй йӕ бон бауромын нӕ уыд.


Фӕлӕ Дунедарӕджы зӕд ӕхсӕвы байгом кодта ахӕстоны дуӕрттӕ, ӕддӕмӕ сӕ рауагъта ӕмӕ загъта:


Фӕндагыл ма куы уыд ӕмӕ Дамаскмӕ куы баввахс, уӕд ыл уӕларвӕй ӕваст рухс ӕртыхсти.


Уымӕ гӕсгӕ загъдӕуыд: «Райхъал у дӕ фынӕйӕ, рабад мӕрдтӕй, ӕмӕ дӕ Чырысти ныррухс кӕндзӕн».


Ау, зӕдтӕ иууылдӕр цумагӕнӕн монтӕ не сты, ӕмӕ сӕ Хуыцау, чи хъуамӕ фервӕза, уыдонӕн балӕггад кӕнынмӕ не ’рвиты?


Уый фӕстӕ ӕз уӕларвӕй ӕрцӕйцӕугӕ федтон, стыр бартӕ кӕмӕ уыд, ахӕм ӕндӕр зӕды. Зӕхх ныррухс ис йӕ кадӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan