Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 12:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Ирод ӕй тӕрхонмӕ ракӕнынмӕ куы хъавыд, раст уыцы боны размӕ Петр ӕхсӕвы, дыууӕ рӕхысӕй бастӕй, фынӕй кодта дыууӕ ӕфсӕддоны ӕхсӕн; хъахъхъӕнджытӕ лӕууыдысты дуармӕ дӕр ӕмӕ ахӕстон хъахъхъӕдтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 12:6
17 Iomraidhean Croise  

Уыцы бынат Авраам схуыдта Йахве-Ире. Уымӕ гӕсгӕ фӕзӕгъынц ныр дӕр, Дунедарӕджы хохыл бӕрӕг уыдзӕни, зӕгъгӕ.


Ды мӕ зӕрдӕйы ахӕм цин бауагътай, йӕ хор ӕмӕ йӕ сӕнӕн, ныккӕнӕн дӕр кӕмӕн нӕй, уыдоны цинӕй фылдӕр чи у!


Хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан Йеремиайы Рамайы куы суӕгъд кодта, уый фӕстӕ дӕр-иу Дунедарӕг дарддӕр ныхас кодта йемӕ. Невузардан Йеремиайы ссардта рӕхыстӕй бастӕй, Иудей ӕмӕ Йерусалимы уацайрӕгты, Вавилонмӕ уацары кӕй фӕцӕйкодтой, уыдоны ’хсӕн.


Фӕлӕ дӕ абон ӕз, дӕ къухтыл цы рӕхыстӕ ис, уыдонӕй суӕгъд кӕндзынӕн. Кӕд дӕ мемӕ Вавилонмӕ ацӕуын фӕнды, уӕд цом, мӕ бӕрны уыдзынӕ. Кӕд нӕ, уӕд та лӕуу; ӕппӕт бӕстӕ — дӕ разы, кӕдӕм дӕ фӕнды, уырдӕм цу».


Хъахъхъӕнджытӕ фыр тӕссӕй ныррызтысты ӕмӕ мардау фесты.


Петры дардтой ахӕстоны, аргъуан та уыцы рӕстӕг Петры тыххӕй зӕрдиагӕй куывта Хуыцаумӕ.


Ӕфсӕддон хицау бацыди Павелмӕ, ӕрцахста йӕ ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй йӕ дыууӕ рӕхысӕй сбӕттой. Уый фӕстӕ бафарста: «Чи у ӕмӕ цы сарӕзта?»


Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй ӕрбахуыдтон сымах — фенон уӕ ӕмӕ аныхас кӕнон уемӕ, уымӕн ӕмӕ ацы рӕхыстӕй Израилы зӕрдӕдарӕны сӕраппонд баст дӕн».


«Ахӕстон баййӕфтам, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕхгӕдӕй, хъахъхъӕнджытӕ лӕууыдысты дуӕртты цур, фӕлӕ сӕ куы байгом кодтам, уӕд дзы никӕй ссардтам».


Рӕхыстӕй бастӕй дӕр ӕз дӕн уыцы Фарны Уацы минӕвар. Кувут, цӕмӕй йӕ фехъусын кӕнон ныфсджынӕй, куыд мын ӕмбӕлы, афтӕ.


Бӕргӕ сӕ ныццӕгъдин Ӕз, адӕмы ’хсӕн сӕ кой дӕр нал уаид,


Бардарӕг арфӕ ракӕнӕд Онисифоры хӕдзарӕн. Бирӕ хӕттыты мӕ барӕвдыдта, мӕ рӕхыстӕ дӕр ӕй нӕ урӕдтой — къӕмдзӕстыджы хос ын нӕ уыдысты.


Уымӕ гӕсгӕ ныфсджынӕй зӕгъӕм: «Бардарӕг мын у ӕххуысгӕнӕг, ӕмӕ нӕ тӕрсын: цы мын ракӕндзӕн адӕймаг?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan