Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 12:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Адӕм та хъӕр систой: «Уый адӕймаг нӕ, фӕлӕ Хуыцау дзуры!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 12:22
9 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг, кӕдмӕ уыдзынӕн рох Дӕуӕй, кӕдмӕ мӕ ’мбӕхсдзынӕ Дӕ цӕсгом?


Галхӕфсытӕй акъахдзӕфгӕнӕн нал уыдзӕн дӕхицӕн дӕр, дӕ адӕмӕн дӕр, дӕ дӕлдӕртӕн дӕр“».


Цӕгаты ӕфсӕдтӕ саст куы ӕрцӕуой, уӕд хуссары паддзах йӕхиуыл тынг фервӕсдзӕн, мингай ӕфсӕдтӕ ныццӕгъддзӕн, фӕлӕ уӕддӕр йе знагыл нӕ фӕуӕлахиз уыдзӕн.


Дӕ паддзахады барджынтӕ, стыр хицӕуттӕ, уынаффӕйы лӕгтӕ ӕмӕ уллутӕ ахсджиагыл нымайынц, цӕмӕй паддзах ахӕм бардзырд ратта: дӕс ӕмӕ ссӕдз боны дӕргъы хуыцаумӕ мачи скувӕд, стӕй дӕу йеддӕмӕ ӕндӕр адӕймагмӕ дӕр мачи бацӕуӕд курӕг. Чи нӕ байхъуса, уый та домбӕйтты хъоргъмӕ ӕппӕрст ӕрцӕуӕд.


Нысангонд бон Ирод паддзахы дарӕсы сбадти къӕлӕтджыны ӕмӕ дзырдта семӕ.


Ӕмӕ йӕ уайтӕккӕ Хуыцауы зӕд ӕрцавта, ӕцӕг Хуыцауӕн кад скӕныны бӕсты йӕхи хуыцау схонын кӕй бауагъта, уый тыххӕй; къуыдыргӕлмытӕ йӕ бахордтой ӕмӕ йӕ уд систа.


Уыдон сты хъуырхъуыргӕнджытӕ, райгонд ницӕмӕй сты, цӕрынц сӕ монцтӕм гӕсгӕ, ӕмхиц сты хиппӕлой ныхӕстӕ ӕмӕ козбау митӕм сӕхи пайдайы сӕраппонд.


Бакуывтой сырдӕн дӕр ӕмӕ дзырдтой: «Ацы сырдӕн ӕмбал нӕй, кӕй бон бауыдзӕн йемӕ тохы бацӕуын!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan