Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 12:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Нысангонд бон Ирод паддзахы дарӕсы сбадти къӕлӕтджыны ӕмӕ дзырдта семӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 12:21
10 Iomraidhean Croise  

Израилы паддзах ӕмӕ Иосафат, Иудейы паддзах, сӕ паддзахы дарӕсты, сӕ къӕлӕтджынты, бадтысты Самарийы кулдуары ӕдде мусы цур, ӕмӕ пехуымпартӕ иууылдӕр пехуымпариуӕг кодтой сӕ разы.


Удаист хъӕр йӕ хъусты зӕлы, ӕнӕнхъӕлӕджы йӕм ӕрбалӕууы йӕ сафӕг.


Хъӕздыгӕн йӕ исбон — йӕ фидар мӕсыг, бӕрзонд сисау ӕм кӕсы.


Уӕрӕх байгом ис мӕрдтыбӕстӕн йӕ ком — ӕмхуызонӕй аныхъуырдзӕни уӕздӕтты ӕмӕ сау адӕмы, хъӕлӕба ӕмӕ цин чи кодта, ӕппӕт уыдоны.


Ӕмӕ ныр, сӕрбӕрзондӕй чи цӕуы, уыдоны мах амондджын хонӕм, фыдгӕнджытӕ махӕй хуыздӕр цӕрынц. Ӕмӕ, кӕд Дунедарӕджы ракъахынц, уӕддӕр сӕм фыдбылыз ӕввахс нӕ цӕуы».


Ноджы ма, Пилат тӕрхонгӕнӕджы бынаты куы бадти, уӕд ӕм йӕ ус дӕр барвыста афтӕ зӕгъынмӕ: «Мацы Йын ракӕн, уымӕн ӕмӕ уыцы Рӕстгӕнӕджы тыххӕй дысон бирӕ фӕудхар кодтон мӕ фыны».


Ирод мӕсты уыди Тир ӕмӕ Сидоны цӕрджытӕм. Уыдон та баныхас кодтой иумӕ ӕмӕ йӕм ӕрбацыдысты; балхӕдтой паддзахы галуаны уынаффӕгӕнӕг Бласты зӕрдӕ, ӕмӕ куырдтой фидыд, уымӕн ӕмӕ сӕ бӕстӕйӕн хойраг истой паддзахы бӕстӕйӕ.


Адӕм та хъӕр систой: «Уый адӕймаг нӕ, фӕлӕ Хуыцау дзуры!»


Фондз боны фӕстӕ ӕрцыд алчер Ананиа адӕмы хистӕртимӕ, стӕй тӕрхоны дӕсны Тертуллимӕ. Уыдон бӕстӕйы хицаумӕ Павелыл бахъаст кодтой.


Дыккаг бон Агриппӕ ӕмӕ Верникӕ ӕфсӕддон хицӕуттимӕ ӕмӕ сахары уӕздӕттимӕ хъӕздыгарӕзтӕй бацыдысты тӕрхондонмӕ, ӕмбырды уатмӕ. Фесты бардзырдмӕ гӕсгӕ ӕрбакодтой Павелы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan