Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 12:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Ирод фӕцагуырдта Петры ӕмӕ йӕ куынӕ ссардта, уӕд ӕрфарста хъахъхъӕнджыты ӕмӕ радта сӕ амарыны бардзырд. Уый фӕстӕ Иудейӕ ацыди Кесаримӕ ӕмӕ дзы афӕстиат.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 12:19
19 Iomraidhean Croise  

Израилы паддзах мӕстӕйдзагӕй, уӕнтӕхъил ӕмӕ сӕргуыбырӕй араст ис йӕ галуанмӕ, Самарийы сахармӕ.


Уый фӕстӕ Мардохей галуаны бахизӕнмӕ фӕстӕмӕ йӕ куыстмӕ ацыди, Аман та мастгӕнгӕ атындзыдта сӕхимӕ, йӕ сӕр ӕрбатыхта, афтӕмӕй.


Паддзах йӕ фырт Йерахмеел ӕмӕ Азриелы фырт Серайӕн, стӕй Авдиелы фырт Шелемийӕн бардзырд радта, цӕмӕй пехуымпар Йеремиа ӕмӕ нымӕрдар Барухы ӕрцахсой, фӕлӕ сӕ Дунедарӕг бамбӕхста.


Йесо райгуырди иудейаг Вифлеемы, паддзах Ироды заман. Йӕ райгуырды фӕстӕ Йерусалиммӕ скӕсӕнӕй ӕрбацыдысты стъалыдӕснытӕ ӕмӕ фарстой:


Уыдон куы ацыдысты, уӕд Хуыцауы зӕд Йосифмӕ фыны раргом ис ӕмӕ йын загъта: «Сыст уӕлӕмӕ, Сывӕллоны Йӕ мадимӕ демӕ акӕн ӕмӕ лидзгӕ кӕн Мысырмӕ. Цалынмӕ дын зӕгъон, уӕдмӕ-иу уым лӕуу, уымӕн ӕмӕ Иродӕн йӕ зӕрды ис Сывӕллоны ссарын ӕмӕ Йӕ амарын».


Стъалыдӕснытӕ йыл сайдӕй рацыдысты, уый куы бамбӕрста Ирод, уӕд тынг смӕсты ис. Ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй, Вифлеем ӕмӕ йӕ алфамбылай дыууӕ азы онг кӕуыл цыд, уыцы лӕппуты се ’ппӕты дӕр амарой: Сывӕллон цы кары ис, уый сбӕлвырд кодта, стъалыдӕснытӕй цы базыдта, уымӕ гӕсгӕ.


Куы ӕрбабон, уӕд ӕфсӕддонтӕ фӕдис систой: уӕдӕ Петр цы фӕуыдаид?


Ӕрцахсын кодта Петры, ахӕстоны йӕ бакодта ӕмӕ йын, фӕйнӕ цыппар ӕфсӕддоны кӕм уыд, ахӕм цыппар къорды хъахъхъӕнӕг сӕвӕрдта. Иродмӕ уыди Куадзӕны фӕстӕ йын адӕмы раз тӕрхон кӕныны фӕнд.


Ирод ӕй тӕрхонмӕ ракӕнынмӕ куы хъавыд, раст уыцы боны размӕ Петр ӕхсӕвы, дыууӕ рӕхысӕй бастӕй, фынӕй кодта дыууӕ ӕфсӕддоны ӕхсӕн; хъахъхъӕнджытӕ лӕууыдысты дуармӕ дӕр ӕмӕ ахӕстон хъахъхъӕдтой.


Ахӕстоны хъахъхъӕнӕг куы райхъал ӕмӕ дуӕрттӕ гомӕй куы федта, уӕд фелвӕста йӕ кард ӕмӕ хъавыди йӕхи амарынмӕ; ӕнхъӕл уыд, ӕмӕ ахӕстытӕ алыгъдысты.


Дыккаг бон араст стӕм Кесаримӕ. Уым бацыдыстӕм, аргъуан цы авд лӕджы сӕвзӕрста, уыдонӕй иумӕ — Фарны Уац хъусынгӕнӕг Филиппы хӕдзармӕ, ӕмӕ уымӕ баззадыстӕм.


Агриппӕ ӕмӕ Верникӕ цалдӕр боны фӕстӕ паддзах Фестӕн ӕгасцуай зӕгъынмӕ ӕрцыдысты Кесаримӕ.


Ӕфсӕддонтӕм фӕзынд ахӕстыты амарыны фӕнд, куыд ничи дзы аленк кӕна ӕмӕ алидза, афтӕ.


Филипп та февзӕрди Азоты ӕмӕ, йӕ фӕндагыл цӕугӕйӕ, ӕппӕт сахарты хъусын кодта Фарны Уац, цалынмӕ Кесаримӕ бахӕццӕ, уӕдмӕ.


Давид йӕхи бааууон кодта ӕдзӕрӕг быдыры. Царди Иудейы хӕхты, Зифы хохрӕбын ӕдзӕрӕг быдыры. Иудадзыг Саул йӕ фӕдыл зылди, фӕлӕ йын ӕй Хуыцау йӕ къухтӕм нӕ лӕвӕрдта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan